Сиддхартха Гаутама: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 11:
Гаутамæйы фыд уыдис Каппилаваттхуйы паддзах [[Магадхæ]]йы, æмæ Гаутамæ райгуырдис паддзахы фыртæй, йæ цард хъуамæ арвыстаид бонджынæй æмæ æппæтæй дæр æххæстæй. Таурæгъмæ гæсгæ райгуырды размæ Гаутама йæ мадмæ фыны фæзындис урс пылы сурæты. Бæрæгбоны рæстæг уæныкæсæг (уырыс. ''провидец'') Аситæ загъта, зæгъгæ, ацы саби суыдзæн кæнæ стыр паддзах, кæнæ диссаджы сыгъдæг адæймаг. Йæ фыд бæллыдис, цæмæй уый суа зындгонд паддзах æмæ йæ уый охыл фæиппæрд кодта дины ахуырад æмæ адæймаджы тухиты зонадæй.
 
Лæппуйыл æхсæрдæс азы азы куы сæххæст ис, уæд йынын фыд ракуырдта йе ’мгар чызг Ясодхарæйы, æмæ сын райгуырдис фырт Рахул. Гаутамæйы фыд æххæст кодта йæ фырты алцæмæй дæр.
 
Иухатт, йæ мойы боныл æртындæс азы куы рацыдис уæд Гаутамæ цалхдар (уырыс. ''колесничий'') Чаннæимæ рацæйцыдис йæ галуанæй æмæ федта «Цыппар равдысты»: зæронд къуылых, рынчын адæймаг, æмбийгæ мард æмæ цардиппæрд (уырыс. ''отшельник''). Гаутамæ уæд бамбæрста царды хъысмæт — зæрондгæнынзæрондкæнын, рынчындзинад æмæ мæлæт æнæмæнг кæй æрцæуынц, мæгуыртæ хъæздгуытæй бирæ фылдæр кæй сты, æмæ фæстагмæ хъæздгуытæ дæр рыг кæй фестынц. Уый бамбаргæйæ Гаутамæ 29-аздзыдæй ныууагъта йæ хæдзар, йæ бинонты æмæ йæ мулк æмæ сси цардиппæрд.
 
Йæ бынтæ ныууадзгæйæ йæ царды нысан сæвæрдта тухитæй куыд фервæзæн ис, уый базонын. Райдыдта ахуыр кæнын [[Йогæ|йогикон]] [[медитаци]] дыууæ цардиппæрд [[брахман]]ы разамындмæ гæсгæ æмæ кæд ацы хъуыддаджы уæллоз къæпхæнтæм схызтис, уæддæр йæ куыст нымадта æнæнтыстыл.
 
Йæхиуыл скодта цæугæцардгæнæг моладзаны дзаума æмæ араст ис хуссар-скæсæны Индимæ. Райдыдта тызмæг цардиппæрды цардыл ахуыр кæнын æмæ йæхи тухæнæй марын. Æхсæз азы фæстæ мæлæты дуарыл лæугæйæ фæхатыд, тызмæг [[аскезæ|аскезон]] методтæ ногæй йын кæй ницы дæттынц. Уæд ныууагъта йæ буар удхарæй марын æмæ афтид [[медитаци]] йæ куыст скодта, æмæ рабæрæг кодта [[астæуккаг фæндаг]] — хи домæнтæ дæр иууыл æххæст кæнынмæ ма бæллын æмæ дæхи удхарæй дæр ма марын. Фикус бæласы бын сбадти (уый тыххæй ацы бæласы райдыдтой хонын [[Бодхийы бæлас]]), æмæ ард бахордта, уæлæмæ кæй нæ сыстдзæн, цалынмæ æцæгдзинад нæ базона, уæдмæ. Æнæнхъæлæджы йæм æрцыди куырыхон зонд. Уæдæй фæстæмæ йæ хонын райдыдтой Буддæ. Уый у санскритаг дзырд æмæ амоны: Рухс зонды хицау. Афтæмæй «Райхъалрайхъал ис», майы мæй цалхыдзаг куы уыд, уыцы рæстæг. Уæд ыл цыдис 35 азы. Уæд æй райдыдтой хонын Гаутама Буддæ кæнæ афтиддæр «Будда». Йæ хъуыдытæ Буддæ парахат кодта, цæугæдон Гангы был цы сахар уыд, уым — Бенарессы. Йæ хъуыдыты апп та арæзт у цыппар хайæ, цыппар фарнхæссæг къабазæй:
 
# Дунейыл алцы дæр кæны ивгæ-ивгъуыйгæ, уымæ гæсгæ цард йемыдзаг у хъизæмæрттæй, хъыгæй, фыдохæй.