Хъайтыхъты Азæмæт: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Image:azamat.jpg|thumb|200px|Хъайтыхъты Азæмæты хуызист]]
'''Хъайтыхъты Беслæны фырт Азæмæт''' (райгуырдис [[1923-æм аз]]ы [[ХодыхъæуХод|Ходыхъæуы]]) у [[ирон æвзаг|ирон]] фыссæг.
 
[[1939-æм аз]]ы каст фæци [[Садон]]ы [[астæуккаг скъола]] æмæ кусын райдыдта.
Рæнхъ 6:
Æрдзæй зæрдæргъæвд рахаста Азæмæт. Сæрдыгон изæрты-иу зæронд лæгтæ рагон Ходы Ныхасы алыхуызон [[таурæгъ|таурæгътæ]] куы кодтой, уæд-иу сæм хъусынæй не ’фсæстис. Йæ [[цæст|цæстыты]] раз-иу сыстадысты, фыдæх æмæ фыддуджы ныхмæ чи рацыдис, уыцы сæрæнгуырдтæ æмæ-иу йæ сæнтты дард кæмдæр балæууыд. Уæд-иу Азæмæт гыццыл нал зындис йæхимæ — [[кард]] кæй нæ кæрды, [[фат]] кæм нæ хизы, ахæм хъæбатыр-иу басгуыхти.
 
[[Æрзæткъахæн|Æрзæткъахæнты]] куыста, фæлæ йæ зæрдæйæ нæ цух кодтой, кæддæр Ныхасы цы диссæгтæ хъуыста, уыдон. Æмæ уæд йæ зæрдæйы райгуырд уыцы таурæгътæ ныффыссын æмæ джиппæй рауадзыны бæллиц. Азæмæтæн йæ уæззау кусгæ бонты ивын байдыдтой йæ æхсызгон хъизæмаргæнæн æхсæвтæ. Дзаевгар рæстæг рацыд, цалынмæ йæ фыццаг таурæгътæ мыхуыры фæзындысты, уæдмæ. Адæм ын бацин кодтой йæ таурæгътыл, къухæй-къухмæ сæ истой. [[1984-æм аз]] азыы чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд Азæмæты таурæгъты фыццаг чиныг «Зынаргъ дур». [[1989-æм аз]] азыы та — йæ дыккаг чиныг «Фыййауы лæдзæг». Фæстæдæр, чиныгкæсджытæ сæ æхсызгонæй кæй агуырдтой, уый хынцгæйæ, дыууæ чиныджы уагъд æрцыдысты иумæ, иу чиныджы, «Амондуарджытæ», зæгъгæ, ахæм номимæ.
 
Фæстæдæр Хъайтыхъты Азæмæты райстой [[Советон Цæдис|Советон Цæдисы]] Фысджыты цæдисы рæнхъытæм.
Рæнхъ 14:
Царды æцæг хабæртты бындурыл фыст сты, Хъайтыхъты Азæмæт йæ ног чиныгмæ («Азæмæты таурæгътæ», [[2005]]) цы рагон таурæгътæ бахаста, уыдон — «Уæгъуыллæйы мæлæт», «Доны къусы аргъ», «Фыдус», «Туджы пырхæнтæ», «Фыдохы арт», «Уазал фæлварæн», «Дзæхы фæстаг балц», «Хетæг», «Черчесты уæйыг», «Ус богал», «Аслæнбеджы мæлæт» æмæ æндæртæ.
 
{{къæртт-биографи}}
{{stub-os}}
{{Рæстдзинад}}
 
[[Категори:Ирон фысджытæ]]
[[Категори:Ирæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты]]
[[Категори:Хъайтыхътæ|Азæмæт]]