Арешперан: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 54:
|Сайты æвзаг =
}}
'''Арешперан''' ({{lang-ka|არეშფერანი}}) у хъæу [[Гуырдзыстон]]ы, Къахеты, [[Лагодехы район]]ы. Ис [[Алазаны дæлвæз]]ы, Арешы доны рахиз былгæрон, 25 км [[Лагодех]]æй.
 
[[File:Арешперан уæлбæрзæндæй ист.PNG|thumb|Арешперан уæлбæрзæндæй ист]]
Хъæу у æртæ стыр хайгондæй иугонд: Арешперан йæхуыдтæг, йæ рахиз къабаз Хошатъан, йæ иу кæронхай у Елтъура (Кехвиани), иннæ кæрон та хуыйны Къакъалиджын (Æнгузджын), бирæ стыр æнгуз бæлæстæ дзы кæй задзайы чысыл къохгондæй, уымæн. Урдыгæй-иу райдыдтой фос хизæн быдыртæ, цъус фалдæр уыдис дзы фермæтæ дæр Советтон рæстæджы. Къакъалиджыны ма, æнгузджын къохы, æрвыстой Ирыстонæй ныххæссгæ бæрæгбон - Чъециаг, кæцымæ-иу æрцыдысты æндæр æмæ дард ирон хъæуты цæрджытæ. Уыдис-иу дзы гуырдзийæгтæ дæр. Арешперайнæгтæ-иу рæдау фысымтæ уыдысты се 'ндæрхъæуккаг ирон адæмæн, лæггад-иу кодтой кæрæдзийæн, уымæн æмæ-иу арæх не 'мбæлдысты. Уæлдайдæр æмæ сæ уарзон куыст у - цæл кæнын. Цалынмæ-иу уазджыты хорз нæ федтой торневых хъыбылтæй æмæ сæнæй, уæдмæ йæ хæдзарæ ничи ауагътаид. Уыдис-иу дзы цырен хæбысæйхæсты ерыстæ, кæцыйы рамбулын нымадтой тынг сгуыхдзинадыл. Уæлахиздзауы кой-иу хъуыст æнæхъæн аз, суанг иннæ Чъециагмæ.
 
Уымæй уæлдай ма дзы сеппæты хъæутæн уыди иунæг скъола, Хетæгкаты Къостайы номыл æмæ ма йын бæрзон цырт дæр скъолайы кæрты лæууыди. Нуæдзæм æзты, змæстытæ куы райдыдтой, уæд æй гуырдзыйы фыдзæндтæ срæмыхтой. Саакашвили ма йæ йе 'мгъуыды уæвгæйæ дыккагæй скæнын кодта, фылдæр хъæлæстæ бамбырд кæнынмæ ирон хъæутæй, фæлæ раздæры хуызон аив нæ уыд уæддæр. Скъолайы куыстой уæздан æмæ интеллигентон ахуыргæнджытæ. Дард хъæуты сывæллæттæ-иу автобустыл цыдысты æуцы иунæг скъоламæ дæсгай километыртæ дæр.
 
Ирæтты ныццыды размæ Арешпераны алфæмбылæйтты цардысты лекъ æмæ-иу абырæг митæ кодтой, гуырдзыйы сабыр нæ уагътой. Æмæ гуырдзы ирæтты æрцæрын кодтой æумыты, цалдæр ирон хъæутæй кæрæдзимæ æввахс: Пичхис Богири, Гуджарет, Лапиан, Цъицъкъанацер. Адæм ма хъуыды кодтой Цхуырбаты Дубийы, хъæбатыр лæджы, кæцы ма, дам, хæцыд лекъимæ, дардта ма, дам, цухъхъатæ. Уый уыдаит иу-XX æнусы райдийан, йе та йæ хæдразмæты.
 
Иу таурæгъмæ гæсгæ, кæддæр æуцы бынæтты ма царди стыр калм, адæмы, дам-иу, æнæхъæнтæй хордта, ахæм дынджыр уыди. 'Мæ дзы разынд иу хъайтар, Тедеты Хоша (Хоса), кæцы йæ ныммардта, йæхи конд чырынхуыз ахсæнмæ басайгæйæ. Хошатъаны номы баззад Хошайы хабар.
Ирон адæм æм æрхастой сæ Ирæй рацæугæ хъæуты нæмттæ дæр æмæ-иу иуæй-иу сыхтæ хуындысты сæ цæрджытæм гæсгæ: Сихиат (Джиоты сых){{ратæдзæн нæй}}, Сиоты сых{{ратæдзæн нæй}} (Джусойты сых уыди, фыды-фырты ном Сиойæ), Æлборты сых (Гæдыты сых æй хуыдтой арæхдæр), Елтъура (Гобозты сых, æнхъæл дæн, æмæ). {{"ратæдзæн"дæн мæхæдæг, куыд æвдисæн æмæ æуцы хъæуæй рацæугæ. Къамтæ дæр мæхи ист сты.}}
 
Къахеты ирон хъæутæ федзæрæг кæнынц. Семæ кæддæры фæрнджын æмæ пæлхъгæнæг Арешперан дæр. Паддзахадæй ницыуал размæдзыды хъæппæрис хъуысы. Адæмæн сæ фылдæр ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ, бынтон мæгуыртæ 'мæ ма зæрæттæ баззадысты. Ныр дзы паддзахад ирæтты бæсты цæрын кæны ачъарайаг æмæ лекъаг лигъдæтты, æрцæрынц-иу къапеччытæй æлхæд хæлæдздзаг хæдзæртты.
 
== Мыггæгтæ ==
Цардысты дзы [[Джиотæ]]<ref name="Kaloty B.">[[Калоты Барис|Калоев Б.А.]] Осетины Восточной Осетии и районов Грузии — Владикавказ: Ир, 2012. 101 с.</ref>, [[Лолатæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Хъаратæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Тедетæ]]<ref name="Kaloty B."/><ref name="iron myggægtæ">[[Гаглойты Зинæ]]. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 273-æм ф.</ref>, [[Багатæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Пухатæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Тъуритæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Цыхуырбатæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Хъæцмæзтæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Джусойтæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Лалытæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>.
 
Арешпераны райгуырд Уæрæсейы сгуыхт æмæ бодибилдинджы фыццагдæр богæлттæн сæ иу, Джусойты Иваны фырт Ибрагим дæр.
 
Лолатæ, Пухатæ æмæ нæм Хъаратæ нæ цард, кæд Къахеты æндæр хъæуты уыдысты, фæлæ дзы Арешпераны никæй зыдтон.