Арешперан: различия между версиями
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки |
Нет описания правки |
||
Рæнхъ 57:
[[File:Арешперан уæлбæрзæндæй ист.PNG|thumb|Арешперан уæлбæрзæндæй ист]]
Хъæу у æртæ стыр хайгондæй иугонд: Арешперан йæхуыдтæг, йæ рахиз къабаз [[Хошатъан|Хошатъиани]] (уым та [[Сывылдзджын]] сых), йæ иу кæронхай у [[Елтъура]] (Къехвиани), иннæ кæрон та хуыйны [[Къакъалиджын]] ([[Æнгузджын]]), бирæ стыр æнгуз бæлæстæ дзы кæй зайы чысыл къохгондæй, уымæн. Урдыгæй-иу райдыдтой фос хизæн быдыртæ, цъус фалдæр уыдис дзы фермæтæ дæр Советтон рæстæджы. Къакъалиджыны ма, æнгузджын къохы, æрвыстой Ирыстонæй ныххæссгæ бæрæгбон - [[Чъециаг]], кæцымæ-иу æрцыдысты æндæр æмæ дард ирон хъæуты цæрджытæ. Уыдис-иу дзы гуырдзийæгтæ дæр. Арешперайнæгтæ-иу рæдау фысымтæ уыдысты се 'ндæрхъæуккаг ирон адæмæн, лæггад-иу кодтой кæрæдзийæн, уымæн æмæ-иу арæх не 'мбæлдысты. Уæлдайдæр æмæ сæ уарзон куыст у - цæл кæнын. Цалынмæ-иу уазджыты хорз нæ федтой торневых хъыбылтæй æмæ сæнæй, уæдмæ йæ хæдзарæ ничи ауагътаид. Уыдис-иу дзы цырен хæбысæйхæсты ерыстæ, кæцыйы рамбулын нымадтой тынг сгуыхдзинадыл. Уæлахиздзауы кой-иу хъуыст æнæхъæн аз, суанг иннæ Чъециагмæ.
Уымæй уæлдай ма дзы сеппæты хъæутæн уыди иунæг скъола, [[Хетæгкаты Къостайы]] номыл æмæ ма йын бæрзон цырт дæр скъолайы кæрты лæууыди. Нуæдзæм æзты, змæстытæ куы райдыдтой, уæд æй гуырдзыйы фыдзæндтæ срæмыхтой.
Ирæтты ныццыды размæ Арешпераны алфæмбылæйтты цардысты лекъ æмæ-иу абырæг митæ кодтой, гуырдзыйы сабыр нæ уагътой. Æмæ гуырдзы ирæтты æрцæрын кодтой æумыты, цалдæр ирон хъæутæй кæрæдзимæ æввахс:
Иу таурæгъмæ гæсгæ, кæддæр æуцы бынæтты ма царди стыр калм, адæмы, дам-иу, æнæхъæнтæй хордта, ахæм дынджыр уыди. 'Мæ дзы разынд иу хъайтар, Тедеты Хоша (Хоса), кæцы йæ ныммардта, йæхи конд чырынхуыз ахсæнмæ басайгæйæ. Хошатъаны номы баззад Хошайы хабар.
|