Тедеты Герас: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «Тедеты Герас у ирон фыссæг. Райгуырди Арешпераны (Сывылдзджыны), Къахеты.…»
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 02:22, 23 январы 2015

Тедеты Герас у ирон фыссæг. Райгуырди Арешпераны (Сывылдзджыны), Къахеты.


(Зынгæ ахуыргонд æмæ курдиатджын фыссæг Тедеты Герасы амæлæтыл сæххæст 20 азы)

Стыр диссаг у царды хъуыддаг, йе ‘мбæхст фæзилæнтæн ын ницы рахатдзынæ. Герас уыд мæнæн мæ адджын хæлар, фондз æмæ ссæдз азы иу кабинеты иумæ фæбадтыстæм. Ӕз арæх рынчынтæ кодтон, хостæ тынг нуæзтон, уый-иу смæсты æмæ мын афтæ, «уыцы хостыл дæхи æгæр ма ахуыр кæн». Иу хатт фæмæсты, мæ разæй мын сæ фелвæста æмæ сæ зæххыл ныххуырста: «Иу хатт дæр дын сæ дæ къухы куыд нал фенон» - мæстыйæ схъæр кодта. Йæхæдæг тынг уæйыг уыдис. Иуахæмы йын æз афтæ: «Мæнæн бирæ цæрæнбон нал ис æмæ иу мæ фæстæ нæ хæлардзинады тыххæй исты афысс». Цард диссаг у, ныр 21 азы рацыд йæ фæзианыл æмæ мын, æвæццæгæн, йе ‘нусон бынатæй мæ фæдзæхст ныхæстыл худы æмæ худы. Мæ зынаргъ æмгар Герас райгуырд Къахеты Сывылдзджыны. Уыдис ын æфсымæр, стыр хæстмæ йæ акодтой æмæ дзы нал æрыздхт. Герас ахуыр кодта Арешпераны скъолайы. Уæд Гуырдзы ирон скъолатæ алы ран дæр сæхгæдтой æмæ дзы бакодтой сæхи скъолатæ. Герас каст фæцис астæуккаг скъола гуырдзиаг æвзагыл. Ӕдзухæй дæр йæ хъуыдытæ баст уыдысты Ирыстонимæ æмæ йæ ахуыры фæстæ æрцыд Хуссар Ирмæ æмæ бацыд хъæууон хæдзарадон техникуммæ. Уæд уыцы техникум уыд Тамаресы хъæуы æмæ дзы директорæй куыста Галактион Иванидзе, Къусраты Женяйы цардæмбал. Герас тынг уарзта ирон культурæ. Техникумы йемæ ахуыр кодтой ирон лæппутæ æмæ-иу нæ театрмæ цыдысты æдзухæй дæр.

Сæ уарзон актрисæ уыд Гаглойты Варя æмæ йын стыр кад кодтой. Уæдмæ æнтыстджынæй фæцис ахуыр, райста ветеринары дæсныйад, фæлæ йæ зæрдæ æдзухæй дæр æхсайдта пединститутмæ æмæ цæттæ кæнын райдыдта ирон факультетмæ. Уæды рæстæджы тынг зын бахауæн уыд ирон факультетмæ, Уæдмæ иу курсмæ истой фæндзай адæймаджы, фæлæ сæ фæстагмæ ахуыргæнджыты сæр уадиссаг нал хъуыд æмæ ма фыццаг курсмæ истой æрмæст дæр дууын фондз адæймаджы. Бирæ хатт-иу конкурсы иу курсмæ уыдис сæдæ адæймаджы. Тынг зын бахауæн уыд институтмæ. Тедеты Рюрик кæуылты цæттæ лæппу уыд, фæлæ конкурсмæ нæ бахауд. Герас æнтыстджынæй радта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ссис институты фыццаг курсы студент. Йæ цинæн кæрон нал уыдис æмæ уæхсгуæзæй райдыдта ахуыр кæнын. Йæ уарзон лектортæ уыдысты Бекъойты Димитр, Биазырты Алыксандр, Цыхуырбаты Лизæ. Институт каст фæцис тынг хорзæй æмæ йæ уæд йæ фæндаг бахаста Зонадон институты ирон æвзаджы хайадмæ. Цыбыр рæстæгмæ радта кандидатон фæлварæнтæ æмæ райдыдта кусын кандидатон диссертацийыл. Цымыдисон темæ равзæрста Герас йæ кандидатон диссертацийæн: «Ирон æвзаджы хъæууон хæдзарады фадыгон лексикæ». Лæмбынæгæй йыл куыста, зылд хъæутыл, уæхскуæзæй æмбырд кодта æрмæг. Фыст æй куы фæци, уæд мæм æй радта кæсынмæ. Мæн институтмæ бакодтой Цыхуырбаты Зелим æмæ Гæбæраты Сослан. Конкурсы мæ фарс рахæцыдысты Джуссойты Нафи, Цыхуырбаты Замирæ æмæ æндæртæ. Уæд институтæн хицæн агъуыст нæма уыд æмæ куыстой облæххæстгомы агъуысты фыццаг уæладзыджы. Уым иу егъау къабинеты бадтысты цыппæрдæсæй, нæ дзы уыд сæрибар хатæнтæ. Ӕз уæдмæ дæр æнæбары зонгæ уыдтæн Герасимæ, мæгуыр дарæсы-иу рацу-бацу кодта, уый бадтис хицæнæй æнæбары къуымы Биазырты Алыксандримæ. Мæн дæр уырдæм акодта. Алыксандр кæцæйдæр иу чысыл стол æрбахаста мæнæн æмæ æртæйæ уым райдыдтам кусын. Ахæм къуындæг уавæрты бирæ нæ фестæм. Уæдмæ нæ агъуыст сцæттæ æмæ уырдæм ацыдыстæм. Герасимæ райстон хицæн кабинет æмæ иумæ фæбадтыстæм дууын фондз азы. Йæ диссертаци мæм куы радта, уæд мын афтæ: «Искæмæнты ма йæ бакæсын кæн, æндæра цы зæгъиккой». Ӕз ын йæ куыст радтон Цыхуырбаты Юрæмæ. Тынг цæттæ адæймаг уыд. Ӕркæстытæ йæм кодта, йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, куыст нæ фæцыд филологон зонæдты кандидат Тедеты Оляйы зæрдæмæ дæр. Уый цард Калачы, куыста цыдæр институты æмæ ирон фадыджы куыстытæ рицензи кæнынмæ уымæ лæвæрдтой зонадон организацитæ. Герас тынг æрæнкъард æмæ йын уæд æз загътон. Зæгъын, ацу Калакмæ. Радта йæ академикмæ, Ахвеледиани куыст бакаст æмæ тынг фæцыд йæ зæрдæмæ. Фæстæмæ йæ æз рахастон, хæддзармæ йæм бацыдтæн. Герас тынг схъæлдзæг, уæдмæ йæ нал фæндыд йæ куыст бахъахъхъæнынмæ бавдисын. Ныр сразæнгард. Куыстæн хорз аргъ скодтой Калачы университеты дæр æмæ Герас æнтыстджынæй бахъахъхъæдта йæ куыст æмæ ссис филологон зонæдты кандидат. Банкет сарæзта Тедеты Оляйы хæдзары, æмæ уым Ахвеледиани тынг хорз ныхæстæ фæкодта Герасы тыххæй æмæ загъта, зæгъгæ, Герас йæ зонадон куыстæй ног дуæрттæ байгом кодта, ирон æвзаджы цымыдисон хъуыддаджы - фадыгон лексикæйæн стыр нысаниуæг ис, рох кæны æмæ рæстæгыл уый æмбырд куы нæ фæуа, уæд æвзаг бирæ цыдæртæ сафы. Уый хатгæйæ æвзаджы хайады кусджытæ райдыдтой уæхскуæзæй æмбырд кæнын фадыгон лексикæ - Цыхуырбаты Валентин - фосдарды лексикæ, Пухаты Ларисæ - къуымбил æмæ кæрцкæрдыны лексикæ, Битарти Зоя - хæстæгдзинады лексикæ, Уанеты Владимыр - хæдзарадон цардуаджы лексикæ, Дзабиты Зарбег - медицинæйы æмæ адæмон хоскæныны лексикæ, Тъехты Федыр - цуанонты æвзаджы лексикæ æмæ æндæртæ. Афтæ фидарæй зæгъæн ис, æмæ Тедеты Герас у ирон æвзаджы фадыгон лексикæ æмбырд кæныны аразæг æмæ бындурæвæрæг. Иугæр йæ диссертаци куы фæцис, уæд æрæвнæлдта æндæр куыстытæм. Уыцы иу рæстæджы ма уый активон хайад иста ирон æвзаджы дзырдуат аразыны хъуыддаджы. Фыста радзырдтæ, драмæтæ, уацтæ, æндæр æмæ æндæр зонадон куыстытæ æмæ сæ мыхуыр кодта Ирыстоны периодикон мыхуыры органты. Цымыдисон у иу хабар - уырыссагау нæ зыдта, фæлæ йын уыдис дзаджджын æвзаг. Тынг зыдта зонадон литературæйæ пайда кæнын. Зонадон кусджытæн мызд цъус уыд, Герасæн цалдæр фырты уыдис æмæ материалон æгъдауæй тыхст, фæлæ йæ куыст нæ уагъта. Махæн-иу нæ куыст райдыдта райсом аст сахатæй æмæ иу бирæ хатт сихоры улæфты дæр нæ ацыдыстæм. Ӕгæрон уарзондзинад ын уыдис Ирыстонмæ, ирон адæммæ. Иу рæстæджы экскурсийы ацыдыстæм Цæгат Ирыстонмæ, бацыдыстæм Мамысонгоммæ, стæй та - Цъæйы коммæ уæд ма дзы чысыл чидæртæ цард, фæлæ цæрæг нал уыд нæдæр Ӕзгъилы, нæдæр Калагы, нæдæр Лисырийы, нæдæр Хъылиаты. Бынтон федзæрæг Тылийы хъæу, æрмæст ма Тибы уыд цалдæр хæдзары. Тынг маст кодта Герас уыцы хъуыддагыл, фæлæ махæн цы гæнæн уыдис. Бацыдыстæм Нары хъæумæ дæр федтам Къостъайы хæдзар, схызтыстæм уæлмæрдмæ дæр - уым йе ‘нусон бынат ссардта Къостайы мад, хæрзæвзонгæй фæзиан, цыдис ыл 22 азы, уæд дзы цырт нæма уыд, уыдис дзы хуымæтæджы хъæдын цырт. Герас æм фæкаст æмæ афтæ: «Ныр Къостайы фыд Леуан ам æвæрд цæмæннæ ис. Уымæн йæ бынат ам ис, мæнæ йæ уæздан æфсины фарсмæ». Герас хорз рæхст хъæдкуыстытæм. Ӕз ме ‘нæбары хæдзар куы арæзтон, уæд мын уый дыууæ уаты астæрд скодта. Хорз райдыдта фыссын уырыссагау, иу егъау хай дзы институты журналы дæр ныммыхуыр кодта. Мæнæн тынг мæ зæрдæмæ цыдис, бæзгæ уыд докторы диссертацийæн. Æз ын загътон, зæгъын æй бавдис доктормæ, фæлæ йæ къух ацагъта, мур дæр мæ ницæмæн хъæуы, зæгъгæ. Тынг уарзта лекцитæ кæсын æмæ йæ уæд уырдæм, пединститутмæ фæхуыдтой. Зивæг кодта. Тъехты Баграт уыд уæд директор. Бахатыд æм, цæмæй йын институты æрдæг штат ныууагътаид, фæлæ Баграт не сразы, - дыууæ бынаты нæй гæнæн. Ӕмæ уæд ацыд уырдæм, фæлæ-иу йæ раздæры бынатмæ алы хатт дæр æрбауад. Мах арæх цыдыстæм Къусреты хъæдмæ цымтæ æмæ мугæтæ тонынмæ. Иу рæстæджы уæлмæрды цур æрбадтыстæм æмæ Герас афтæ: «Æз тæхуды кæнын ацы мæрдтæм, æдзухæй дæр сæ цæсты раз ис сæ уарзон горæт æмæ мæн дæр бафæндид, ам куы æрцæуид мæ мард ныгæд, уый. Згъудер дæр хорз у, фæлæ уым алыгъуызон адæм ныгæд ис, ам та æрмæст ирæттæ сты. Рæстæг куы схæццæ, уæд тынг æнкъард кодта æмæ нозты ‘рдæм йæ хъус дарын райдыдта. Æз ын иу хатт уый йæ цæстмæ бадардтон æмæ мын афтæ: «Куы нæ баназын, уæд нæ фынæй кæнын æмæ мын тынг зын вæййы. Арæх рынчынтæ кæнын райдыдта æмæ иу бон фехъуыстон Герас рынчындоны ис, зæгъгæ. Хуыссыдис ног рынчындоны инфекцион хайады. Ацыдтæн æм. Уыцы рæстæджы рынчындонæй рахызт æмæ ме ‘рдæм рацæйцыд дохтыр Багаты Чермен. Хорз зонгæ уыдыстæм æмæ мæ афарста, кæдæм цæуыс, зæгъгæ. Загътон ын, кæмæ цæуын, уый - «æмæ куыд у йæ мыггаг»? Уыцы рæстæджы нæ фæрсты фæцис рынчындоны медицинон хо: «уымæн йæ хъуыддаг хорз нæу, хæдзармæ йæ афыстой æмæ йæ æрвитынц Дзæуджыхъæумæ». Ӕз æм ацыдтæн хæдзармæ, мæ фæндаг Цыхуырбаты Иваныл акодтон. Герас массивы цард. Иванимæ йæм иумæ бацыдыстæм æмæ мæ зæрдæмæ нæ фæцыд йæ уавæр, зынæй улæфыд. Акодтой йæ Дзæуæджыхъæумæ. Уырдыгæй мæм телефоны фæдзырдта цалдæр боны фæстæ. Уыд тынг хъæлдзæг, мæ хуылфæй мын дон рауагътой, ныр хорз дæн æмæ цалдæр боны фæстæ цæуын нæхимæ, зæгъгæ, фæлæ, хъыгагæн, хъуыддаг афтæ нæ рацыд. Хуылф ногæй байдзаг донæй, ницыуал аккаг уыдис æмæ йæ рарвыстой хæдзармæ. Йæ мæлæт æй нæ уырныдта æмæ æдзух дзырдта: «Неужели, неужели?». Уый мын йæ бинойнаг загъта. Цалдæр боны ма ахаста æмæ цардæй ахицæн. Бавæрдтой йæ Къусреты уæлмæрды, æнæуый дæр уым йæ зæрдæмæ тынг цыдис æмæ йе ‘нусон бынат уым ссардта. Ӕз Къусреты хъæумæ арæх цыдтæн куы цымтæм, куы мыртгæ тонынмæ æмæ-иу Герасы уæлмæрды фарсмæ фæбадтæн. Рухсаг у, мæ зынаргъ хæлар. Дæ ныв нæ кабинеты къулыл конд у æмæ йын алыхатт дæр салам радтын.

_______ Уанеты Владимир.