Арешперан: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 61:
Уымæй уæлдай ма дзы сеппæты хъæутæн уыди иунæг скъола, [[Хетæгкаты Къостайы]] номыл æмæ ма йын бæрзон цырт дæр скъолайы кæрты лæууыди. Нуæдзæм æзты, змæстытæ куы райдыдтой, уæд æй гуырдзыйы фыдзæндтæ срæмыхтой. [[Саакъашвили]] ма йæ йе 'мгъуыды уæвгæйæ дыккагæй скæнын кодта, фылдæр хъæлæстæ бамбырд кæнынмæ ирон хъæутæй, фæлæ раздæры хуызон аив нæ уыд уæддæр. Скъолайы куыстой уæздан æмæ интеллигентон ахуыргæнджытæ. Дард хъæуты сывæллæттæ-иу автобустыл цыдысты æуцы иунæг скъоламæ дæсгай километыртæ дæр.
 
Ирæтты ныццыды размæ Арешпераны алфæмбылæйтты цардысты лекъ æмæ-иу абырæг митæ кодтой, гуырдзыйы сабыр нæ уагътой. Æмæ гуырдзы ирæтты æрцæрын кодтой æумыты, цалдæр ирон хъæутæй кæрæдзимæ æввахс: Пичхибогири [[ფიჩხის ბოგირი]], Пона [[ფონა]], Гуджарет [[გუჯარეთი]], Лапиан [[ლაფიანი]], Цъицъкъанацер [[წიწკანაცერი]]. Адæм ма хъуыды кодтой Цхуырбаты Дубийы, хъæбатыр лæджы, кæцы ма, дам, хæцыд лекъимæ, дардта ма, дам, цухъхъатæ. Уый уыдаит иу-XX æнусы райдийан, йе та йæ хæдразмæты. Уыдис, дам, хъæд бынат. Адæм фæцагътой бæлæстæ, фæластой бындзæфхæдтæ, сфæзгонд æй кодтой, сахуыр сты сæндæттæ дарын. Уыдысты тынг кусаг.
 
Иу таурæгъмæ гæсгæ, кæддæр æуцы бынæтты ма царди стыр калм, адæмы, дам-иу, æнæхъæнтæй хордта, ахæм дынджыр уыди. 'Мæ дзы разынд иу хъайтар, Тедеты Хоша (Хоса), кæцы йæ ныммардта, йæхи конд чырынхуыз ахсæнмæ басайгæйæ. Хошатъаны номы баззад Хошайы хабар.
Рæнхъ 71:
Цардысты дзы [[Джиотæ]]<ref name="Kaloty B.">[[Калоты Барис|Калоев Б.А.]] Осетины Восточной Осетии и районов Грузии — Владикавказ: Ир, 2012. 101 с.</ref>, [[Къоратæ]], [[Лолатæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Хъаратæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Тедетæ]]<ref name="Kaloty B."/><ref name="iron myggægtæ">[[Гаглойты Зинæ]]. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 273-æм ф.</ref>, [[Багатæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Пухатæ]]<ref name="Kaloty B."/>, [[Тъуритæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Цыхуырбатæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Хъæцмæзтæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Джусойтæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>, [[Лалытæ]]<ref name="iron myggægtæ"/>.
 
Арешпераны райгуырд Уæрæсейы сгуыхт æмæ бодибилдинджы фыццагдæр богæлттæн сæ иу, [[Джусойты Иваны фырт Ибрагим]]; журналист æмæ фыссæг, «Махдуджы» кусæг Джусойты Сирожы чыжг Нино; фыссæг æмæ иу рæстæджы зæлвидыц къорд «ИР-ИС»-ы зарæггæнæг [[Къораты Хатуна]] дæр.
 
Лолатæ, Пухатæ æмæ нæм Хъаратæ нæ цард, кæд Къахеты æндæр хъæуты уыдысты, фæлæ дзы Арешпераны никæй зыдтон.