Бырсæг уæйгуытæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[File:Уæйгуытæ.jpg|thumb|Бырсæг уæйгуытæ]]
 
 
'''Шингеки но Кйоджин''', '''Shingeki no Kyojin''' ({{lang-ja|進撃の巨人}} «Бырсæг уæйгуытæ») - [[Хаджиме Исайамæ]]йы [[мангæ]]. Мыхуыр-æддæдзыд у Bessatsu Shonen Magazine журналæй, рауагъдад "Коданся"-йы, 2009 октябрæй.
Рæнхъ 9:
Эрен Йегерæн уæйыг йæ мады куы бахордта йæ цæстыты раз, уæд цæссыгрæдадзгæ сомы ракодта, уæйгуыты се ’ппæтты дæр кæй амардзæн æмæ сæ духи дæр кæй нал баззайын кæндзæн зæххыл! Уыцы ныхæсты фæстæ Эрен бацыд æфсæдахуыры корпусмæ, цæмæй йæ бæллиц сæххæст кæна — суа сгарæг æмæ балцы ацæуа фæскъулмæ, уæйгуыты цæгъдынмæ. Йæ ныййарджытæ æмæ-иу йе ’мбæлттæ уыцы хабары тыххæй ныхмæлæуд уыдысты, фæлæ Эрены фыд æбæрæг сæфт фæкодта, йæ мады та йын гигант бахордта, уый адыл Микасæйæн дæр (иу чызг, Йегертæ йæ иу азы размæ баазтой сæхимæ, йæ ныййарджыты йын уацайргæты уæйгæнджытæ амардтой) æмæ Арминæн æндæр ницыуал баззад Эрены фæдыл æфсадахуыры корпусмæ ацæуыны йедтæмæ, цæмæй дарддæр хъахъхъæной адæмы цы мурбæрц баззад, уыдоны, æмæ сæйраг та - кæрæдзи.
 
Цъус зондæуы уæйгуытæ кæцæй æмæ куыд фæзындтысты. Æрмæст 3-15 мытрмæметрмæ бæрзæндæн кæй сты, æмæ ма адæмы инстинктивон атакæ кæй кæнынц. Уымæн æмæ фæскъул цæрæгойтæ иууылдæр æгас сты, уæйгуытæ цæм не вналынц æппындæр. Нæдæр сæ хъæуы хæрын, раст зæгъгæйæ, хуры тынтæй сты æфсæст хъомысæй уа, йе хæлцæй. Фæлæ адæймагы куы фенынц, уæд ыл сæхи ныццæвынц цæмæндæр. Бæзджын царм æмæ регенеративон миниуджытимæ сты, уымæй уæлдай. Амарæн сæ ис æрмæст иу хуызы — хъуамæ сын сæ бæрзæй, сæ къæбут кæцы у, уый арф лыг ныккæнай æхсаргардæй. Æмæ иттæг зын скæнæн у ахæм цыдæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Уый охыл æрымысдæуыд Вертикалон Манёвыргæнæн Гæрзтæ (ВМГ) — астæуыл даргæ, ставд роны хуызон, кæцы æртæ фарсы ’рдæм дæтты фадат «стæхынмæ», йæ фæрстырдыгæй дзы цы къæндзытимæ бæндæнтæ рацъыввытт кæнынц, æмæ бæрзæнды къул уа, йе бæлас-исты, ууыл фæцангал кæнынц, стæй ма афтæ тагъдæй йæ архайаджы дæр уысм-æлваст скæнынц хæрдмæ. ВМГ дæтты стыр мобилады миниуджытæ йæ фæлтæрд пайдагæнæгæн æмæ домы тынгдæр физикон цæттæйад ‘мæ цырдад.
 
Аниме у тынг трагикон æмæ геройты æвдисы тагъд-асгæнгæйæ, сæ сусæг арф æмæ карз хъуыдытимæ цард æмæ растыл, сæ тастимæ, алыварс куыд уынынц æрмæст туг, æмбæлтты мæлæт æмæ ма ахæм уавæрты уæвгæйæ дзы уæддæр фаг бынат ис гадзрахатдзинадæн дæр.