Джомолунгмæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч →‎Æрвитæнтæ: All info is kept in Wikidata, removed: {{Link FA|de}} (2) using AWB (10903)
Цæра (ныхас | бавæрд)
чНет описания правки
Рæнхъ 27:
 
== Этимологи ==
«Джомолунгмæ» у [[тибетаг æвзаг]]æй æрбайсгæ дзырд æмæ амоны «Уæларвон (jamma) Мад (ma) Зæххæн (lung)», æмæ йæ афтæ схуыдтой [[Бон (дин)|бойнаг дины]] зæды Шераб Чжаммы тыххæй. Джомолунгмæйы непайлаг ном — «Сагарматхæ» — дæтты тæлмацæй «Хуыцæутты Мад». Англисаг ном «Эверест» ({{lang-en| Mount Everest}}) лæвæрд æрцыдис хохæн сэр [[Джордж Эверест|Джордж Эвересты]] ({{lang-en|George Everest}} кадæн. Уый уыди [[геодези]]он службæйы сæргълæууæг [[Британийы Инди]]йы [[1830]]-[[1843]] азты. Цъуппæн ацы ном раттыны фæндон фыццаг рæгъмæ рахаста [[1856]] азы, йæ бынаты йæ чи раивта, уыцы [[Эндрю Во]] ({{lang-en|Andrew Waugh}}, 1810—1878), йæ дæлбар кусæг Р. Сикдара [[1852]] азы «Цъупп XV» фыццаг хатт куы сбарста æмæ куыкуыд равдыста, уый регионы бæрзонддæр цъупп кæй у, стæй, гæнæн ис, æмæ уа æнæхъæн дунейы бæрзонддæр хох.
 
== Схызтыты истори ==
Рæнхъ 35:
Адæймаг цы фыццаг астминон басаста, уый уыди [[Аннапурна I]]. 1950 азы йæм схызтысты францаг альпинисттæ М. Эрцог æмæ М. Ляшеналь. Уыдоны фæуæлахизы фæстæ асастис миф — ахæм бæрзонд цъуппытæм адæймаг кæй не схиздзæн, уый. Алы бæстæтæй альпинисттæ тагъд кодтой, цæмæй ма байрæджы кæной, æмæ фыццаг исты астминон цъупп басæттой. Фондз азы дæргъы фыццаг уæлахизы фæстæ саст æрцыдысты æхсæз астминон цъуппы: Джомолунгмæ ([[Англис]]ы альпинисттæ), [[Нанга Парбат]] (Герман Буль, [[Австри]]), [[Чогори]] ([[Итали]]йы альпинисттæ), [[Чо-Ойю]] (Австрийы альпинисттæ), [[Канченджангæ]] (Англисы альпинисттæ) æмæ [[Макалу]] ([[Франц]]ы альпинисттæ). Фæстæдæр азты уыцы змæлд нæ фæмынæг ис. Альпинизм цы бæстæты тынг фидар уыд (Австри, [[Англис]], [[ФРГ]], [[Франц]] æмæ [[Швейцари]]), уыдонмæ æфтауын райдыдтой [[АИШ]]-ы, Италийы, [[Япон]]ы, [[Аргентинæ]]йы, [[Китай]]ы, [[Инди]]йы, фæстæдæр та [[Чехословаки]]йы, [[Польшæ]]йы, [[Югослави]]йы, [[Хуссар Корей]]ы, [[Советон Цæдис]]ы, [[Уæрæсе]], [[Хъазахстан]] æмæ [[Украинæ]]йы альпинисттæ. Фыццаг сылгоймаг, Эверестмæ чи схызтис, уый уыд япойнаг альпинисткæ [[Табэй, Дзюнко|Дзюнко Табэй]] ([[1976]] азы). [[2005-æм аз]]ы [[14 майы]] фирмæ «[[Eurocopter]]»ы тæхæг-фæлварæг Дидье Дельсаль (Didier Delsalle) æрбадын кодта хохы цъуппыл вертолёт [[Eurocopter AS 350 Ecureuil]]. Уый уыди фыццаг ахæм цау историйы.<ref name="membrana4674">[http://www.membrana.ru/lenta/?4674 Сенсация: впервые в мире вертолёт сел на верхушку Эвереста] 26 мая 2005</ref>
 
Джомолунгмæйы цъуппыл дымгæйы уад у 200 километры сахатмæкилометр-сахат, температурæ та æхсæвæй æрхауы -60 градусмæ. 50 азмæ хохы къултыл фæмард сты дыууæсæдæ адæймагæй фылдæр. Алы аз дæр Эверестмæ схизын фæлварынц 500 адæймаджы афтæмæй йæм схизын бафæрæзтысты 900 альпинистмæ æввахс. Эвересты цъупмæ схызт ахсы иу-дыууæ мæйы — акклиматизаци æмæ лагерьты сарæзт нымайгæйæ. Адæймаг схызты фæстæ аппары 12-15 килограммы. Дыууæ бæстæйы кæмæ хауы Эвæрест хорз кусынц ацы хохыл, цæмæй альпинисттæн бар уа схизынæн, хъæуы бафидын ($12 000). Асламдæр у схизын Тибеты ’рдыгæй. Сезонтæ — уалдзæг æмæ фæззæг.
 
== Фыццаг советон схызт Эверестмæ ==