Алфавит: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Рæнхъ 14:
== Истори ==
{{main|Алфавиты истори}}
Алфавиты принцип хъуыдыгонд æрцыд семитаг знæмтæй. Нæ эрæйы размæ 3-æм миназоны астæу сахар [[Эблæ]]йы (нырыккон [[Тель-Мардих]], [[Сири]]йы цæгат) фыстгæнджытæ сфæлдыстой [[Месопотами]]йæ æрбайсгæ [[цуркхуыз фыссынад|цуркхуыз]] уæнгнысанты классификаци, кæцыйæ пайда кодтой сæхи [[Эблаитаг æвзаг|эблаитаг]] æмæ месопотамиаг [[шумераг æвзаг]]æн. Ацы классификацийы фыстнысантæ рæнхъæвæрд цыдысты иудадзыг райдайæн æмхæлæсонтимæ алыхуызон хъæлæсонты мыруагмæ гæсгæ: ma, mi, mu (семитаг æвзæгты мидæг уыди æрмæст 3 хъæлæсоны: a, i, u). Куыд фендæуы, цуркхуыз æмæ египетаг идеографийы фæлварæнæй пайдакæнынады фæрцы, семитæгтæ нæ эрæйы размæ 2-æм миназоны 2-æм æмбисы райдайæны агъоммæ сфæлдыстой консонантон-уæнгон фыссынады ахæм сæрысæйраг хуыз, кæцыйы мидæг уыдысты алыхуызон хъæлæсонимæ бæтгæ (wa, wi, wu-йы хуызы уæнгонтæ, кæцытæ фыстæуыдысты иу нысанæй, цуркхуызфыстау æмæ æндæр раздæры алыхуызон нысантæй нæ фæлæ) æмхъæлæсон мыртæмырты дзурынæн нысантæ (цæвиттон, w).
Æппæт фыссæн нысанты æмгондмæ хъæлæсонтæн нысантæ бавæрыны фæстæ кæронмæ æмæвæрд æрцыд алфавит куыд фонемæты фыстнысаниуæггæнæн уагæвæргæ хæрхад.
Тæккæ рагондæр уыд мах дуджы агъоммæразмæ 2-æм миназоны астæуæй бæрæг сахар-паддзахад [[Угарит]]ы [[Угаритаг фыссынад|алфавит]]. Йæ нысанты рæнхъæвæрд сæйраджыдæр фидауы махнæ дуджыэрæйы агъоммæразмæ 2-æм миназоны фæстаг æнустæй бæрæг [[Финикийаг алфавит|финикийаг]], [[рагондзуттаг фыссынад|рагондзуттаг]] æмæ иуæй-иу æндæр [[ныгуылæнсемитаг фыссынад|ныгуылæнсемитаг алфавитты]] нысанты рæнхъæвæрдыл.
[[Финикийæгтæ]], кæцытæ цардысты [[Астæузæххон денджыз]]ы скæсæйнаг былгæрон, рагон заманæй райдайгæйæ уыдысты зынгæ денджыздзаутæ. Уыдон парахат кодтой Астæузæххы падзахæдтимæ базарад.
Финикийаг алфавитæй равзæрдысты грекъаг æмæ арамейаг алфавиттæ, кæцытæй фæзындис нырыккон фыссынады системæты фылдæр хай æмæ, уыдон дарддæр, фыссынады райрæзты бирæ «къуыммæдзыд хаххытæ»: [[чысылазиаг алфавиттæ]], [[ибераг фыссынад]], [[нумидиаг фыссынад]] æмæ а. д. Финикийаг алфавиты дамгъæты рæнхъæвæрд ныронг зыны йæ байзæддаг алфавиттæн; дзырд «алфавит» йæхæдæг арæзтæуы дыууæ фыццаг дамгъæйы нæмттæй — [[альфæ (дамгъæ)|альфæ]] {{lang-el2|ἄλφα}}/[[алеф]] æмæ [[бетæ (дамгъæ)|бетæ]] {{lang-el2|βῆτα}}/[[бет (дзуттаг алфавиты дамгъæ)|бет]].<ref>Ирон æмæ уырыссаг дзырд арæзтæуы ''[[Бетæ (дамгъæ)|Βήτα]]'' дамгъæйы астæугрекъаг дзурынадмæ (ома куыд [вита]) гæсгæ (кæцы æмхуызон у ноггрекъаг дзурынадимæ), фæлæ хурыскæсæйнаг æвзæгты мидæг пайдагонд цæуы рагонгрекъаг дзурынад — [бета].</ref>)