Алантæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 7:
[[Адæмты Стыр гоц]]ы рæстæджы гуннтæ сæ ныппырх кодтой æмæ асырдтой Скæсæн Европæйаг быдыртæй. Уыцы рæстæджы алайнæгтæ сæхи адих кодтой дыууæ къордыл. Иу къорд ацыдис дарддæр Ныгуылæн Европæмæ æмæ дзы бирæ хæстыты фæстæ цалдæр рæтты æрцæрын кодта. Уыцы алайнæгтæ бындур сæвæрдтой цалдæр къаролад æмæ паддзахадтæн, се 'хсæн уыдысты [[Алайнæгты æмæ вандалты къаролад]] Цæгат Африкæйы æмæ Алайнаг паддзахад Испанийы (409-426).
Алайнæгты æндæр къорд алыгъдис Цæгат Кавказмæ. [[Цæгат Кавказ]]ы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — [[Алани (паддзахад)|Алани (Аланыстон)]]. Уыцы паддзахад хæлд æрцыдис [[XIII æнус]]ы монгол-тæтæйрæгты бырсты аххосæй. Ацы бырсты фæстæ алæйнагты иу хай ацыдис Венгримæ æмæ сын венгриаг паддзах [[Бела IV-æм Арпад]] æрцæрыны бар радта, афтæмæй уыдон райдийæн радтой ястæн. XIV æнусы Тамерланы ныббырсты аххосæй алайнæгтæ фесæфтысты се 'ппæт быдыраг зæххытæ æмæ сæ цæрджыты фылдæр хай. Ацы ныббырстæй сæхи чи фервæзтой, уыдон Кавказы хæххты баззадысты æмæ радтой райдийæн нырыккон ирæттæн.
 
Аланты байзæддæгтыл нымад сты [[Ирон адæм|ирæттæ]]<ref>[http://slovari.yandex.ru/~%D0%BA%D0%BD%D0%B8%D0%B3%D0%B8/%D0%91%D0%A1%D0%AD/%D0%90%D0%BB%D0%B0%D0%BD%D1%8B/ БСЭ: Аланы]</ref> æмæ [[ястæ]].