Алантæ: различия между версиями

13 байта добавлено ,  28 октябры 2017
нет описания правки
чНет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 3:
 
== Истори ==
I-æм æнусы алайнагтæ ныгуылæнмæ æрбабырстой [[Централон АзийæАзи]]йæ æмæ дзы хицауиуæг бынат райстой æндæр сæрмæтты æхсæн. Аммиан Марцеллин куыд фыста, афтæмæй уыцы рæстæджы æндæр сæрмæттæг знæмтæ сæ хицæн нæмттæ ныууыагътой æмæ иууылдæр райдыдтой сæхи алайнæгтæй хонын.
 
[[Адæмты Стыр гоц]]ы рæстæджы гуннтæ сæ ныппырх кодтой æмæ асырдтой [[Скæсæн ЕвропæйагЕвропæ]]йаг быдыртæй. Уыцы рæстæджы алайнæгтæ сæхи адих кодтой дыууæ къордыл. Иу къорд ацыдис дарддæр [[Ныгуылæн ЕвропæмæЕвропæ]]мæ æмæ дзы бирæ хæстыты фæстæ цалдæр рæтты æрцæрын кодта. Уыцы алайнæгтæ бындур сæвæрдтой цалдæр къаролад æмæ паддзахадтæн, се ’хсæн уыдысты [[Алайнæгты æмæ вандалты къаролад]] Цæгат Африкæйы æмæ Алайнаг паддзахад Испанийы (409-426).
Алайнæгты æндæр къорд алыгъдис Цæгат Кавказмæ. [[Цæгат Кавказ]]ы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — [[Алани (паддзахад)|Алани (Аланыстон)]]. Уыцы паддзахад стыр бавæрд ныккодта Кавказы историмæ, уыдысты йæм тыхджын политикон æмæ династион бастдзинадтæ [[Византийы импери|Византи]], [[Гуырдзыстон]] æмæ [[Хазары каганад]]имæ, базайраг бастдзинадтæ Иран, Киевы Уырыс æмæ арабагараббаг бæстæтимæ. Аланыстоныл цыдис китайаг [[Стыр Зæлдаг фæндаг]]. Алантимæ баст у [[Салт-Маяцы культурæ|Салт-Маяцы археологион культурæ]] æмæ бирæ хæлд сахартæ (Архыз, Уæллаг æмæ Дæллаг Дзылат) æмæ ингæнтæ (Балта[[Бæлта]], Чми[[Цыми]], Галиат[[Гæлиат]], Змейский[[Змейкæ]] æмæ æнд.) Цæгат Кавказыл. Аланыстон хæлд æрцыдис [[XIII æнус]]ы монголтæтæр-тæтæйрæгтымангойлæгты бырсты аххосæй. Ацы бырсты фæстæ алæйнагты иу хай ацыдис Венгримæ æмæ сын венгриаг паддзах [[Бела IV Арпад]] æрцæрыны бар радта, афтæмæй уыдон райдийæн радтой ястæн. XIV æнусы Тамерланы ныббырсты аххосæй алайнæгтæн фесæфтысты се ’ппæт быдыраг зæххытæ æмæ сæ цæрджыты фылдæр хай. Ацы ныббырстæй сæхи чи фервæзтой, уыдон Кавказы хæххты баззадысты æмæ радтой райдийæн нырыккон ирæттæн.
 
Аланты байзæддæгтыл нымад сты [[Ирон адæм|ирæттæ]]<ref>[http://slovari.yandex.ru/~%D0%BA%D0%BD%D0%B8%D0%B3%D0%B8/%D0%91%D0%A1%D0%AD/%D0%90%D0%BB%D0%B0%D0%BD%D1%8B/ БСЭ: Аланы]</ref> æмæ [[ястæ]].