Алантæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 7:
[[Адæмты Стыр гоц]]ы рæстæджы гуннтæ сæ ныппырх кодтой æмæ асырдтой [[Скæсæн Европæ]]йаг быдыртæй. Уыцы рæстæджы алайнæгтæ сæхи адих кодтой дыууæ къордыл. Иу къорд ацыдис дарддæр [[Ныгуылæн Европæ]]мæ æмæ дзы бирæ хæстыты фæстæ цалдæр рæтты æрцæрын кодта. Уыцы алайнæгтæ бындур сæвæрдтой цалдæр къаролад æмæ паддзахадтæн, се ’хсæн уыдысты [[Алайнæгты æмæ вандалты къаролад]] Цæгат Африкæйы æмæ Алайнаг паддзахад Испанийы (409-426).
Алайнæгты æндæр къорд алыгъдис Цæгат Кавказмæ. [[Цæгат Кавказ]]ы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — [[Алани (паддзахад)|Алани (Аланыстон)]]. Уыцы паддзахад стыр бавæрд ныккодта Кавказы историмæ, уыдысты йæм тыхджын политикон æмæ династион бастдзинадтæ [[Византийы импери|Византи]], [[Гуырдзыстон]] æмæ [[Хазары каганад]]имæ, базайраг бастдзинадтæ Иран, Киевы Уырыс æмæ араббаг бæстæтимæ. Аланыстоныл цыдис [[Стыр Зæлдаг фæндаг]]. Алантимæ баст у [[Салт-Маяцы культурæ|Салт-Маяцы археологион культурæ]] æмæ бирæ хæлд сахартæ (Архыз, Уæллаг æмæ Дæллаг Дзылат) æмæ ингæнтæ ([[Бæлта]], [[Цыми]], [[Гæлиат]], [[Змейкæ]] æмæ æнд.) Цæгат Кавказыл.

Аланыстон хæлд æрцыдис [[XIII æнус]]ы тæтæр-мангойлæгты бырсты аххосæй. Ацы бырсты фæстæ алæйнагты иу хай ацыдис Венгримæ æмæ сын венгриаг паддзах [[Бела IV Арпад]] æрцæрыны бар радта, афтæмæй уыдон райдийæн радтой ястæн. XIV æнусы Тамерланы ныббырсты аххосæй алайнæгтæн фесæфтысты се ’ппæт быдыраг зæххытæ æмæ сæ цæрджыты фылдæр хай. Ацы ныббырстæй сæхи чи фервæзтой, уыдон Кавказы хæххты баззадысты æмæ радтой райдийæн нырыккон ирæттæн.
 
Аланты байзæддæгтыл нымад сты [[Ирон адæм|ирæттæ]]<ref>[http://slovari.yandex.ru/~%D0%BA%D0%BD%D0%B8%D0%B3%D0%B8/%D0%91%D0%A1%D0%AD/%D0%90%D0%BB%D0%B0%D0%BD%D1%8B/ БСЭ: Аланы]</ref> æмæ [[ястæ]].