Хуыцау: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч →‎Литературæ: All info is kept in Wikidata, removed: {{Link FA|nn}} (2) using AWB (10903)
 
Рæнхъ 12:
Адæмæн цæрæнбон, хъысмæттæ æмæ амæндтæ уары. Алцыдæр уыны æмæ зоны: хæрзиуæг кæмæн дæттын хъæуы, æфхæринаг чи у. Уымæ гæсгæ Хуыцауыл æууæндæг алы ирон дæр йæхи хъахъхъæны йæ фыдæхæй. Æнæнхъæлæджы куы фæрæдийы, уæд уайтагъд йæхи араст кæны ахæм ныхæстæй: «Хуыцау, бахатыр мын кæн мæ рæдыд, зонгæ-зонын æй нæ бакодтон». Кæнæ: «Нæзонæджы хатыр мын бакæн». Хуыцау хæрзгæнæджы дæр уыны æмæ фыдгæнæджы дæр. Фыдгæнæджы тæригъæд, дам, æртæ фæлтæрмæ хæссы. Уый тыххæй ирон адæм афтæ фæзæгъынц: «Хуыцау тагъд нæ кæны, галуæрдоны цæуы. Абон куынæ уа, райсом æй уæддæр баййафдзæн йæ фыдæх». Хуыцауæн ныхмæвæрд тых Зæххыл ис [[дæлимон]]мæ. Уый йын сайы йе сконд адæмы рæдыд фæндагмæ. Æргомæй йæ бон ницы у, стæй йæ тых æвдисын дæр нæ уæнды, фæлæ йæ сусæг зджилæнтæй адæмы зонд хæццæ кæны. «Дæлимоны хай фæу», зæгъгæ, ахæм æлгъыст хуымæтæджы нæй [[ирæттæ]]м. «Хуыцау æгъатыр у, кæмæн цы хъæуы, уый зоны», – фæзæгъынц ирон адæм. Хуыцауы фыдæхæй карздæр ницы ис [[Зæхх]]ыл. Адæмæн хæрзиуæг кæны зæдтæ æмæ дауджыты æххуысæй, æфхæргæ дæр – уыдоны фæрцы. Фæлæ йæм дзы æнæхонгæ иу дæр нæ цæуы. Æрмæст [[Уастырджи]]йæн ис бар, куыд фæзæгъынц, æнæбахойгæйæ Хуыцауы дуарæй бахизын. Уастырджи у Хуыцау æмæ ирон адæмы хсæн дыууæрдæм [[минæвар]]. Уый рарвиты зæххон хабæрттæ бæлвырдæй базонынмæ, адæмы бафæрсынмæ, мæгуырæн феххуысмæ, фыдгæнæджы бафхæрынмæ.
 
Æрмæст иунæг хатт Нартмæ йæ минæвар у [[зæрватыкк]] (Кадæг «Нарты сæфт»). Ацы кадæджы: «Хуыцау смæсты ис (Нартæм) æмæ сæм Уастырджийы рарвыста, æмæ сæ Уастырджи ралгъыста: «Уæ боны куыст иу голладжы дзагæй фылдæр ма кæнæд!» Хуыцауы никуы ничи федта. Зæхмæ искуы æрцыд, уый никуы загъд ис ирон адæмон сфæлдыстады. Æрмæст иу таурæгъ «Амран æмæ цуанон»-ы зæххон лæг Амран фены Хуыцауы, йе стыр мады мады æфсымæры. Се 'хсæн’хсæн рауайы ныхас дæр. Тызмæг, быцæу ныхас цыд Амраны 'рдыгæй’рдыгæй. Уæд æм Хуыцау фæхудти: – Амран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды. Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амранмæ: – Уæдæ ма мæм гъе уый сдæтт. Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Хуыцау æм фæмæсты æмæ йæ дзуæрттæн [[Уæрсæджы хох]]ыл бабæттын кодта.
 
Ирон адæмау Нартæ дæр нæлгоймагæй, сылгоймагæй сæхи фæдзæхсынц Иунæг Стыр Хуыцауыл. [[Сатана]] йæхæдæг уа, Нартæ, зындзинады куы бахауынц, уæд уайтагъд æртæ [[мыдамæст]]ы ракæны, уæлвонг ранмæ ссæуы æмæ Хуыцаумæ скувы. Йæхи йын [[зындон]]ы [[цад]]ы æппарынвæнд куы скæнынц, уæд та ныццыди доны былмæ æмæ сбадт, [[Сослан]] цы дурæй райгуырдис, ууыл æмæ скуывта: «Хуыцау, ахæм маргъ ратæхын кæн, æмæ мын Сосланмæ мæ ныхас чи фæхæццæ кæна!» Йæ курдиат ын кæдфæнды дæр сæххæст кæны Хуыцау.