Хетæгкаты Къоста: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 7:
Къоста райгуырдис [[Нарыхъæу]]ы, 1859-æм азы 15-æм октябры. Йæ фыд, [[Хетæгкаты Леуан|Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан]], уыд Уæрæсейы империйы æфсæддон. Йæ мад, [[Гуыбатæ|Гуыбаты]] Габрелы чызг Мария, Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта. Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыггаг ус æркодта. Уый уыд бынæттон сауджыны чызг.
 
[[Файл:Kosta Khetagurov as a student.jpg|къаддæргонд|рахиз|Хетæгкаты Къоста, студентæй.]]
Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй [[Дзæуджыхъæу]]мæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд [[Нарыком]]ы цæрджытимæ алыгъдис [[Хъобаны облæстм]]æ, уым [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы хъæуæн]] бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой. Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.