Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 12:
Дæ бон хорз æмæ стыр бузныг дæ бавæрды тыххæй! Цымæ дæумæ гæсгæ „службæ“ æмæ „лæггад“ иу ныхас сты? Ирыстоны газеттæ мивдисæг „службæ кæнын“-æй бирæ пайда кæнынц, Википеди та æвзаг ивынæн раст бынат нæу (ома æндæр бынæтты куыд фыссынц, мах дæр афтæ кæнæм). [[Архайæг:Amikeco|Amikeco]] ([[Архайæджы ныхас:Amikeco|ныхас]]) 17:39, 2 сентябры 2018 (UTC)
 
:: Разы дæн Амикецойымæ [[Архайæг:Цæра|Цæра]] ([[Архайæджы ныхас:Цæра|ныхас]])
 
:: : Уæ бонтæ хорз, '''Цæра''' æмæ '''Amikeco'''! Бирæ чингуытæ æмæ 'ндæр тексттæм куы бакæсæм, уæд фенæм, службæйы бæсты алы ран дзы "лæггад" кæй фыссынц, уый. Уыцы текстты 'хсæн ис [[Хуссар Ирыстоны гимн]] дæр ("Удуæлдай дын кæнæм лæггад"), æмæ Ирыстон ТВ-йы рауагъдтæ. Нырыккон газеттæ та, мæнмæ гæсгæ, раст литературон æвзаджы хорз æвдисæгтæ не сты: æрæх дзы фыссынц "библиотекæ" чиныгдоны бæсты, "наукæ" зонады бæсты æмæ афтæ дарддæр... [[Архайæг:Sawbaræg|Sawbaræg]] ([[Архайæджы ныхас:Sawbaræg|ныхас]]) 18:22, 2 сентябры 2018 (UTC)
 
:::: [http://corpus.ossetic-studies.org/search/index.php?interface_language=ru Ирон корпус] куы фенæм, уæд дзы ''службæ кодта'' вæййы æрмæстдæр æфсæддон кæнæ мидхъуыддæгты службæйы контексты, ''лæггад кодта'' та — цыфæнды контексты мидæг вæййы (æмæ сæ фылдæр уырыссагау «помогать (добровольно, по зову сердца)», зæгъгæ, уыцы нысаниуæг хæссынц; уырдæм гимны ныхæстæ дæр хауынц — Ирыстонæн кæнæм лæггад зæрдиагæй, хибарæй, нæ куыст нæу). Дыууæ нысаниуæджы куы иу кæнæм, уæд цыма мæгуырдæр свæййы æвзаг, афтæ мæм кæсы. [[Архайæг:Amikeco|Amikeco]] ([[Архайæджы ныхас:Amikeco|ныхас]]) 21:10, 2 сентябры 2018 (UTC)