Коцойты Арсен: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
eo
Нет описания правки
Рæнхъ 2:
 
Коцойты Арсен нымад у ирон [[прозæ|прозæйы]] бындурæвæрджытæй иууыл.
 
Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Скъолайы каст куы фæци, уæд бацыд [[Æрыдон]]ы [[семинар|семинармæ]], ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ [[Къоста]]йы уынынмæ.
 
Йæ æнæниздзинад афтæ хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. [[1895]] азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.
 
Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон [[газет|газеттæ]] æмæ журналты [[Калак|Калачы]], [[Бетырбух]]ы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: ''Арсен Дарьяльский'', ''Хабос'', ''Иунæг'', ''Габойты Габо'', ''Ар'').
 
1910-æм азы Арсен ирон æвзагыл [[Калак|Калачы]] уагъта журнал «Æфсир». Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы разтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.
«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй [[Джыккайты Шамил]]. Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый [[ирон адæм]]æн.
 
«Æфсир» æхгæд куы 'рцыд, уæд Арсен абалц кодта Бетырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта).
 
Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг [[1939]] азы хорзæхджын æрцыд [[орден]] «[[Кады нысан|Кады нысанæй]]».
 
«''Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй''», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй [[Джыккайты Шамил]]. Йæ цалдæр радзырдты фыссы [[туг исыны æгъдауылæгъдау]]ыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый [[ирон адæм]]æн. «''Нæ фыдбылызты фыддæр''», — афтæ схуыдта Арсен [[ирæд|ирæды]] ("Æфсир", N4). Ирæд исыны хæлæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.
 
== Уацмыстæ ==
Строка 24 ⟶ 34 :
* [http://ossetia.ru/lingvo/adamon_tekst/kocojty_radyd Коцойты Арсены радзырд «Рæдыд»]
 
{{stub}}
 
[[Category:Ирон фысджытæ]]
 
[[en:Arsen Kotsoyev]]
[[ru:Коцоев, Арсен Борисович]]
[[eo:Arsen KOCOJEV]]
[[ru:Коцоев, Арсен Борисович]]