Мæй (Зæххы æмбæлццон): различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч →‎Æддаг æрмæг: All info is kept in Wikidata, removed: {{Link FA|af}} (17) using AWB (10903)
Дриаты Юрийы тексттæ фейсбук-ы (Википедийы равæрæны бар Юри радта) \\ https://www.facebook.com/yuri.driati/posts/3385793364779658
Рæнхъ 2:
[[Ныв:Moon merged small.jpg|thumb|right|250px|Мæй]]
'''Мæй''' ({{дыгурон|Мæйæ}}) у [[Зæхх (планетæ)|Зæххы]] иунæг æрдзон [[æмбæлццон]]. Уый у [[Хуры системæ]]йы фæндзæм стырдæр æрдзон æмбæлццон. Зæхх æмæ Мæйы центры астæу дæрддзæг у 384 467 км.
 
Хуры системæ ма æрыгон куы уыди, уæд нæ Зæххы къорийыл уæлæнгæйтты сæмбæлди [[Марс (планетæ)|Марсы]] йас [[протопланетæ]]. Уый Зæххы цъарæй æмæ йæ тæнæг тæвд хуылфæй ратыдта егъау хæйттæ æмæ сæ алфамбылай апырх кодта. Ацы срæмыгъд Зæххы цур орбитæйы сæвзарын кодта тæхгæ зынгсахайы рон. Куыдфæстæмæ роны хæйттæ баиу сты, кæрæдзиуыл бандæгъдысты æмæ сæ рауади Мæй.
 
[[1969-æм аз]]ы [[20 июлы]], 20 сахаты æмæ 17 минуты Гринвичы рæстæгмæ гæсгæ, космосон нау [[Аполлон-11|«Аполлон-11»-æй]] чи фæхицæн ис, уыцы мæйдзог модуль [[Нил Армстронг]] æмæ [[Базз Олдрин]]имæ æрбадтис Мæйы уæлцъарыл. Цалдæр сахаты фæстæ, 21 июлы, америкаг астронавттæ сысты фыццаг адæймæгтæ, нæ Зæххы æмбæлццоныл чи акъахдзæф кодта.
 
«Аполлон-11»-ы бындурон экипажы уæнгтæ уыдысты:
* командæгæнæг — Нил Армстронг,
* командæгæнæн модулы пилот — Майкл Коллинз,
* мæйдзог модулы пилот — Эдвин (Базз) Олдрин.
 
Йæ рахиз къухæй асиныл хæцгæйæ, Армстронг йæ галиу къах авæрдта Мæйы уæлцъарыл (йæ рахиз къах ма уыд асины къæпхæныл), æмæ загъта:
:— Ай у иу адæймаджы гыццыл къахдзæф, фæлæ æгас дунейы дзыллæйæн та у егъау сæррæтт.
 
== Æддаг æрмæг ==