Къамсхо: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Mamazela (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 55:
'''Къамсхо''' кæнæ '''Къамцыхо''' ({{lang-ru|Камсхо}}) у [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Алагиры район]]ы хъæу. Ис [[Мамысонгом]]ы.
 
== Истори ==
[[Лисыри|Лисрийы]] стыр хъугомыл фæндаг цæуы хæххон чысыл хъæу Къамцыхомæ. Йæ цæрджытæ Рæмонтæ æмæ Моураутæ царды фадæттæй ницæмæй цух уыдысты. Сæ хуымзæххытæ: Дзыхъхъы хуымтæ, Æддаг Мухкъо, Къамцыхойы адаг, Церекты хуым уыдысты сæ алыварс, Къамцыхойы, Хъæзджыны æмæ Сæгуытты суæрттæ — сæ цуры. [[Мамысонгомы дон]] сæ разы. Саудуры ком, Цыдийы рагъ, Уартау, Къамцыхойы адаг æмæ Цъыфтæ — сæ фосæн парахат хизæнтæ.
 
Рæмонты уыгæрдæн Саудуры фæз, Цъынауат, Хосгæрст æмæ Лæгæтгомы уыгæрдæн уыдысты хæстæг æмæ æнцонгуыст рæтты.
 
11-æм æфсады хæйттæ [[Мамысоны æфцæг|Мамысоны æфцæгыл]] [[Гуырдзы (бæстæ)|Гуырдзыйы]] меньшевикты дæрæн кæнынмæ куы цыдысты, уæд ацы чысыл хъæуы [[1921 аз|1921 азы]] [[22 февралы]] Моурауты Бекамæ æхсæвиуат бакодта [[Киров, Сергей Мироны фырт|С. М. Киров]].<ref>''Хозиты Федыр.'' Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 94—95.</ref>
 
== Мыггæгтæ ==
Цардысты дзы [[Рæмонтæ]], [[Моураутæ]].<ref>Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 247-æм ф.</ref>