Калак (Цæгат Ирыстон): различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Mamazela (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Mamazela (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 57:
}}
'''Калак''' кæнæ '''Мамысон'''<ref name="toponimi">[[Цагъаты Анастасия]]. Цæгат Ирыстоны топоними. 1975. II-æм том. 281 ф.</ref> у [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Алагиры район]]ы хъæу. Ис [[Мамысонгом]]ы.
 
== Истори ==
[[Къамцыхо|Къамцыхойæ]] [[Згъил|Згъилы]] ’хсæн хуымгæнд зæххыты астæу [[Бубы комы дон|Бубы комы доны]] рахиз былыл, стыр къуыппыл Калачы хъæуы цардысты Гайтæ, [[Кучитæ]], Гаматæ, Тедетæ, Туатæ æмæ Елойтæ. Аппиты хуымтæ, Калачы хъугом, Хъæзджын хуым, Уæлцæндтæ æмæ Пæрæстаты хуымтæ уыдысты сæ цардыхос. Хъæзджын, Зæнгты, Мæсты, Бубы æмæ Хъарабæгъайы суæрттæ — сæ адджын нуазинæгтæ. Сæ уыгæрдæнтæ: Бубылæгъз, Къуырфытæ, Лолайы уыгæрдæн æмæ Цъыфтæ уыдысты æнцонгуыст. Хæстæг æмæ сойджын уыдысты сæ сæрвæттæ: Гайы хуссар, Джергаты къахыр, Рæгъаудон, Бубы ком, Гуылхæрæн, Басайы адаг æмæ Булкъаты къахыр. Бубы комы æмæ Хуыскъададжы дæттæ — сæ фарсмæ. Хъæуы астæу ма ис Калачы райдайæн скъолайы агъуыст. Хъæуы цæрæг адæм [[1944 аз|1944 азы]] быдырмæ куы алыгъдысты, уæд скъола сæхгæдтой. Ныртæккæ дзы ис Зæрæмæджы турбазæйы бивуак. [[Зæрæмæг|Зæрæмæгæй]] [[Шов|Шовимæ]] фистæгæй цæуæг 42-æм маршруты туристтæ æхсæвиуат кæнынц ам.
 
Бивуачы хицау у Гайты Тугъаны фырт Юрий; йæ размæ йæ фыд Тугъан цалдæр азы уыдис ацы куысты. Уымæн та йæ ныууагъта йæ фыд Ахберд. Ахберд 20 азæй фылдæр фæкуыста Калачы сæрмæ, [[Мамысоны æфцæг|Мамысоны æфцæгмæ]] хæстæг фæндаджы был Мухкъойы туристтæн цы хæдзар уыдис, уый хицауæй.
 
[[1921 аз|1921 азы]] 11-æм æфсады хæйттæ Мамысоны æфцæгыл куы хызтысты, уæд сын уыдис фæндагамонæг ацы хъæуы цæрæг Гайты Уасил.
 
Уыцы бонты тыххæй [[Кировыхъæу|Кировыхъæуы]] цæрæг Кучиты Бабо афтæ зæгъы: «Æз уæд мæ тæккæ лæппуйыл уыдтæн. [[Комахсæн|Комахсæнты]] тæккæ хъызты æрбацыдысты æфсæддонтæ. Бæхæй, адæмæй сын бынæттæ куыннæ хъуыдаид. Алчи бахуыдта, цал лæджы фаг кодтой йæ агъуыстытæ, уал лæджы. Бæхтæн дæр бынæттæ, хос. Хæдзæртты чи нæ цыдис, уыцы æфсæддонтæ ма холлагдæтты дæр æрбынат кодтой. Мит уыдис æнæхъуаджы арф æмæ адæм, кæрæдзийы ивгæйæ, разæй æфсæрстой фæндаг, сæ фæстæ цыдысты бæхтæ, уыдоны фæстæ та [[Дзоныгъ|дзоныгътæ]] æмæ [[Сармадзан|сармадзантæ]].
 
Мах цалдæр лæппуйæ барвæндонæй æфсæддонты хæссинæгтæй цас фæрæзтам, уый бæрц не ’ккæйтты ныххастам [[Глур|Глурмæ]] æмæ раздæхтыстæм фæстæмæ».<ref>''Хозиты Федыр.'' Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 95—96.</ref>
 
== Мыггæгтæ ==