Саулохтæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Mamazela (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
{{Æндæр нысаниуæг|Хъæуы тыххæй кæс [[Саулохтæ (хъæу)]].}}
'''Саулохтæ''' ({{lang-ru|Саулоховы, Шавлоховы}}) сты [[ирон адæм|ирон]] мыггаг.
 
== Истори ==
Таурæгъмæ гæсгæ, мыггаджы фыдæл Саулох цард [[Цæгат Ир]]ы [[Куырттаты ком]]ы. Уым лæг амардта æмæ алыгъд [[Хуссар Ир]]мæ. Ам æрцард [[Уанел]]мæ æввахс Дзидздзойты хъæуы — [[Стыр Леуахийы ком]]ы. [[Дзидздзойтæ]] Саулохы хорз суазæг кодтой, ссис се ’рдхорд, уымæ гæсгæ фæстæдæр Саулохтæ æмæ Дзидздзойтæ сæхи æрвадæлтæ хуыдтой. Цардысты хæларæй, дардтой хорз [[бæхтæ]]. Иухатт бæхтæ кæрæдзийы атардтой æмæ Дзидздзойты бæхтæй иу былæй ахауд. Уый фæстæ Саулох сфæнд кодта ардыгæй алидзын, йæ фæндон загъта Дзидздзойтæн æмæ алыгъд [[Згъубир]]мæ. Уым хъæуæн йæ рахиз фарс æрцард, фæстагмæ дзы фæзынд [[Саулохтыхъæу]]. Саулохы агъоммæ ам цардысты [[Калмантæ]], фæлæ [[Тырсыгом]]мæ алыгъдысты.
 
Дзидздзойтæм уыд иу æнæзæнæг бинонтæ. Уыдон ысхастой кæнгæ лæппу. Лæппу хуынд Хæныг. Лæппу куы байрæзт, уæд бахаудта Згъубирмæ. Бæстæ йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ ам æрцард, æркодта бинонтæ, рацыд ын зæнæг. Цот райстой мыггаг сæ фыды номæй — [[Хæныкъатæ]]. Хæныкъатæ се ’рвадæлтыл нымайынц Дзидздзойтæ æмæ Саулохты, фæлæ Саулохтæ æмæ Хæныкъаты ’хсæн чызг куырд æрцыд. Саулохтæ уæздан мыггагыл нымад уыдысты, æмæ-иу æндæр мыггæгтæ дæр сæхи Саулохтыл ныффыстой, кæд сын тугæй хæстæг нæ уыдысты, уæддæр. Саулохтæй бирæтæ алыгъд [[Гуры район]]мæ [[Гуырдзыстон]]мæ æмæ сæхи гуырдзиаг здæхт — Саулохашвилитæ ныффыстой. Згъубиры Саулохтæ уыдысты дыууæ фыдыфырты: ''Уарихъатæ'' æмæ ''Хуымпæгтæ''.<ref>Саулохты Хъырымы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Гаглойты З., Цхинвалы, 1988 азы.</ref>
 
== Фиппаинæгтæ ==
{{фиппаинæгтæ}}
 
== Литературæ ==
* {{Чиныг|автор=[[Гаглойты Зинæ]]|сæргонд=Ирон мыггæгтæ|сахар=Дзæуджыхъæу|рауагъдад=Ир|аз=2005|фæрстæ=137}}
* {{Чиныг|автор=[[Гаглойты Зинæ|Гаглойты З. Д.]]|сæргонд=Ирон мыггæгтæ|сахар=Цхинвал|рауагъдад=«Республика»|аз=2017|фæрстæ=108}}
 
{{къæртт-ирон}}