Бæзитæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Mamazela (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «'''Бæзитæ''' ({{lang-ru|Базиевы}}) сты дыгурон мыггаг....»
 
Нет описания правки
Рæнхъ 2:
 
== Истори ==
Таурæгъмæ гæсгæ, Бæзи, Зæгæл, Сæбан æмæ Хъамбол уыдысты æфсымæртæ. Раджы кæддæр, дам, сæ фыд Логонты Айгобек [[Дыгуры комДыгургом]]ы Нарыхъæумæ æрлыгъд [[Туалгом]]ы [[Нарыхъæу]]æй. Дыгуры комы фыццаг æрцард [[Мæцутæ]]йы, ракуырдта ус, райгуырд сын цыппар фырты: Бæзи, Зæгæл, Сæбан æмæ Хъамбол. Уым сын хуымзæхх нал фаг кодта æмæ ралыгъдысты Нарыхъæумæ. Куы байуæрстой, уæд сæ нæмттæм гæсгæ скодтой сæ мыггæгтæ, афтæмæй Нары фæзынди мыггæгтæ: Бæзитæ, [[Зæгæлтæ]], [[Сæбантæ]] æмæ [[Хъамболтæ]]. Бæзитæ Нарыхъæуæй фæлыгъдысты сæ сыхаг хъæу [[Задæлеск]]мæ æмæ уым бындурон цæрæг систы. Зæгæл æмæ Зæгæлы хæстæг Зохъо та алыгъдысты [[Гæлиат]]мæ, Нары хъæуы кæй фæтуджджын ис [[Абысалтæ|Абысалты]] æлдæрттимæ, уый тыххæй. Сæбаны цæуæтæй бирæтæ фæлыгъди быдыры хъæутæм. Хъамбол йæ бинонтимæ цард Нарыхъæуы. Куы амард, уæд йæ фырттæй иуы цæуæт цард Нарыхъæуы, иннæйы та — [[Къумбултæ|КъумбултыхъæуыКъумбулты хъæуы]], йæ мады æрвадæлтæ кæм цардысты, уым. Хъамболтæй дæр бирæтæ ралыгъдысты быдыры хъæутæм.
 
== Литературæ ==