Азербайджайнаг гæккуыри: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Создано переводом страницы «Азербайджанская ящерица»
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 08:01, 31 октябры 2020

 

Азербайджанаг гæккуыри (лат. Darevskia raddei) — гыццыл гæккуыри иннæтæм абаргæ. Йæ мыггагмæ гæсгæ хауы даравескитæм кæнæ айнæджы гæккуыритæм.

Æттаг бакаст

Ахуырст

Гæккуырийы буары дæргъ у 76 мм, йæ къæдзил дзы дыууæ хатт даргъдæр у. Йæ æфцæггот у чысыл цыргъгонд. Йæ сæр зынгæ фæтæн. Йæ гуыры хæрв у лæгъз æмæ рæстæмбис къуыппгонд. Йæ хъуыры астæуккаг хаххыл ис 20-æй 29-мæ хæрвы. Буары астæуы алыварс гæккуритæн ис 48-æй 62-йы бæрц хæрвы. Зæнгы уæллаг фарсы хæрв бæрцмæ гæсгæ чъылдымы хæрвæй фылдæр нæу.


Гæккуырийы буары уæллаг фарс у морæхуыз, змисхуыз кæна тарбур сау хуызмæ ’ввахс. Чъылдымы таг арæзт у бирæнымæцон тар тæппытæй, сæ фæтæн æнæхъæнæй у чъылдымы айас (хаттæй-хатт бакъорд вæййынц дыууæ параллелон рæгъы). Гæккуырийы буары быннаг фарс у урсгонд, арвхуыз кæнæ цъæхгонд хуыз. Нæлтæн бирæкæнынады рæстæджы сæ фæрстæ свæййынц копрадзхуыз кæнæ фиалкæхуыз.


Цардыуаг

Хæлцад

Гæккуриты хæлцадмæ хауынц: хъæндилтæ, хæлынбазырджынтæ, дыбазыронтæ, гæлæбутæ, æмæ ’ндæр сасчытæ, уымæй уæлдай ма хæлуарджытæ, бирæкъахонтæ, къахсæртæ ’мæ уаллæттæ.

Бирæкæнынад

Гæккуыриты мадæлтæ айк æфтауын райдайынц июны æмбисы, хæхты аикфтауæн райдайы июлы æмбисы - августы райдайæны. Мадæлтæ ’фтауынц 2-5 айчы. Инкубацион период вæййы 55 боны. Лæппынтæ фæзынынц июлы кæроны-сентябры райдайæны. Сæ дæргъ вæййы 24-27 мм.

Ареал

Азербайджанаг гæккуырийæн арæх фембæлæн ис Чысыл Кавказы, хæхты Сомихы и Азербайджаны территоритыл, цæрынц ма Къуары уæллаг кæлæны æмæ хуссар Гуырдзыстоны. Ацы гæккуырийы ма фенæн ис цæгат-скæсæны Турчы æмæ цæгат-скæсæны Ираны. Бирæ айнæджы гæккуриты хуызæн, ауыл дæр ис фембæлæн хæххон цæугæдæтты дурджын донбылтыл, ставд дурты цъæлтыл, хъæдты. Йæ цардуаты бæрзæндмæ гæсгæ, гæккуыри активон вæййы февралы кæроны кæнæ маръийы райдайанæй сентябры кæнæ ноябры райдайæны онг.

Хуызы систематкæ

Аразтæуы æртæ дæлхыхы формæйæ, уыдон æрбынат кодтой Фæскавказы:

1. Lacerta raddei raddei Boettger, 1892 — Чысыл Кавказы æмæ Сомихы фæсхæхты рæгътæ, Азербайджаны хæххон рæгътæ.

2. Lacerta raddei nairensis Darevsky, 1967 — централон æмæ скæсæны Сомих, Къуары цæугæдоны комы æмæм хуссар Гуырдзыстоны.

  • Армянская ящерица
  • Дагестанская ящерица
  • Кавказская ящерица
  • Луговая ящерица

Фиппаинæгтæ

Æрвитæнтæ