Кавказаг хъæддаг гæды: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 53:
 
Æрдз ын балæвар кодта йæ фæныкхуыз-морæ ахорæн, кæйы иу кæны хауд сыфтæр æмæ бæлæсты хуызимæ. Уый руаджы-иу свæййы бынтон æнæзынгæ. Хъæддаг кавказаг гæды хорз хизы бæлæстæм æмæ дзæбæх ленк кæны, фæлæ донмæ хизы æрмæст бахъуыды рæстæджы.
 
== Нымæц æмæ хъахъхъæнынад ==
Зоологты бæрæггæнæнтæм гæсгæ гæдыты максималон бæрц 1000 га (10 км²) территорийыл у 200-300 экземпляры, йе ’мбисы бæрц та у бирæ къаддæр - 10-20 гæдыйы.
Кавказаг хъæддаг гæды хаст у [[Уæрææсейы сырх чиныг|Уæрæсейы сырх чиныгмæ]] куыд хуыз йæ нымæц чысыл кæмæн у æмæ кæцыйыл фембæлæн ис арæнджын территорийыл (стæмдзинады 3 категори). Хъæддаг гæдыты хъахъхъæнынц Кавказы цалдæр æрдзæвæрæны, сæрмагондæй Тебердайы æрдзæвæрæны æмæ Сочийы национ парчъы.
 
Хъæддаг гæдыты хуыз къаддæр кæны фыццагдæр уый тыххæй, æмæ къаддæр кæнынц сæ цæрæн бынæтты æрдзон биотиптæ, фæтæнсыфджын кавказаг хъæдтæ кæй калынц, уый аххосæй.
 
Дыккаг ахсджиаг фактор та уый мидæг ис, æмæ сæ бон у хæдзарон гæдытимæ тæрæн кæнын, уыдонимæ сын бирæ иумæйаг миниуджытæ ис. Уый аххосæй сæ хуызы генетикон сыгъдæгдзинад фесæфы<ref name="Cat1" />.
Кавказаг гæдытæ бацахстой Краснодары крайы экосистемæтæ. Кавказы æмæ ’ндæр районты сæ популяци чысыл у фæлæ иугæндзон.
 
== Фиппаинæгтæ ==