Токаты Алихан: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 13:
 
== Биографи ==
Райгуырдис 1893-æм азы июлы [[Дæргъæвс]]ы хъæуы бирæзæнæгджын зæхкусæгон бинонты. Йæ райгуырæнбоны датæ бæлвырдгонд нæу, кæцыдæр биографтæм гæсгæ, Алихан райгуырд 1895-æм азы<ref>Поэты мæсыг, Хъодзаты Æхсар.—Дзæуджыхъæу, 2020</ref> 1907-æм азы фæцис дæргъæвсаг дыууæкъласон дины скъола. Чи йæ зыдта, уыдыуыдоны ныхæстæм гæсгжгæсгæ, скъолæ фæци кады гæххæттимæ. Дарддæр йынын нал уыд ахуыр кæныны фадат, раздæхт фæстæмæ æмæ йæ бинонтæн æххуыс кодта хæдзарон куыстыты. Уый фæстæ йæ мад Дзгойы æмхæрæфырты æххуыссæй бацыд Санибайы скъоламæ, уым каст фæцис цыппарæм къласс.
 
1912-æм азы Алихан каст фæцис Бакуйы денджызон техникум, уый фæстæ бацыд училищемæ ’мæ дзы фæахуыр кодта 1916-æм азы октябры онг. Бакуйы базонгæ ис революционертимæ, иста хайад большевикты сусæг змæлды. Уыцы æзты Бакуйы уыди бирæ ирон фæсивæд, архайдтой се ’взаг, сæ адæмы культурæ, сæ хæхты фарн хъахъхъæныныл. Алихан ахуыры рæстæджы фæцалх литературон куыстыл дæр.
Рæнхъ 20:
 
== Сфæлдыстад ==
Токаты Алихан фыссын райдыдта 1909-æм—1910-æм æзты. Уæды фыст æмдзæвгæтæ йæ тетрады баззадысты. Уыцы æмдзæвгæты ’хсæн сты «Иунæджы бон», «Амонд», «Дуне», «Хур» æмæ а.д. Æмдзæвгæтæй уæлдай ныффыста драмæ æмæ публицистикон æрмæджытæ дæр. Классикон сонеты формæйы у фыст йе ’мдзæвгæ «Цыкурайы фæрдыг», йæ сюжеты бындур ис адæмон мотив алæмæты фæрдыджыфæрдыгы тыххæй, кæцы аххæст кодта адæмыйæ хицауы фæндтæ. Токаты фыста æмбисæндтæ дæр: «Хæрæг æмæ булæмæргъ», «Уасæг, хъаз, бабыз æмæ гогыз». 1912-æм азы кæнæ 1913-æм азы ныффыста йæ пьесæ «Урс сынтытæ», сценæйыл йææй сæвæрдта Бакуйы ирон драмон къорд 1914-æм азы февралы. Уыцы пьесæ хауы йæ рагон сфæлдыстадмæ æмæ дзы ахсы уæлдай ахсджиаг бынат<ref>Токаты Алихан, Уацмыстæ.—Дзæуджыхъæу, ИР 2004</ref>.
 
== Фæстæдæры цард æмæ мæлæт ==