Сæуæссæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
ыс- поэтикон орфографийæ у, уацы мидæг с- фыссын хъæуы; иста > исты æмæ æнд.
Рæнхъ 3:
'''Нарты Сæуæссæ''' — ирон [[Нарты кадджытæ]]м гæсгæ [[Нартæ]]й сæ фыццаг, ацы дунейы чи фæзынд, уый.
 
Нарты кадджытæн сæ фыццаг кадæг райдауырайдайы, [[Зынджыбардуаг]] йæсæ куыд сфæлдыста, ууыл тæурæгъæй. Кадæгмæ гæсгæ Зынджыбардуаг райдыдта арт кæнын, æмæ артæн йæ фæздæг арвмæ цыд æмæ дзуæртты хъыгдардта. Дзуæрттæ йыл смæсты сты, æмæ рацыдысты хъаст кæнынмæ [[Галæгон]]мæ. Галæгон артыл ысдымдтасдымдта, фæлæ арт ноджы тынгдæр ысцырдтасцырдта æмæ Зæххы цъар судзын байдыдта. Уый фæстæ дзуæрттæ рацыдысты Хуыцаумæ, æмæ йæ бафæрстой, цæмæй Зынджыбардуагæн истаисты сарæза. [[Хуыцау]] Зынджыбардугæн загъта, цæмæй йæ митæ ныууыдза, фæлæ уый йын ахæм дзуапп радта: мæ цахæрыл, дам, [[физонæг|физонджытæ]] чи кæна æмæ дæумæ чи кува, ахæм адæймаджы куы сывзæрын кæндзынæ, æрмастæрмæст уæд ныууадздзынæн дзуæррты хъыгдарын. [[Хуыцау]] лæджы сывзæрын кодта, æмæ йæ Зынджыбардуагмæ æрхаста. Зынджыбардуаг йæ арты бахсыста, сæумæдоны йæ ныппарста, æмæ уыцы лæг [[Æндон|цъæх æндон]] феста. Уыцы лæджы Зынджыбардуаг Сæуæссæ ысхуыдта, дунемæ сæуыскастыл кæй фæзынд, уымæн.
 
Зынджыбардуаг Сæуæссæйæн радта арт кæнынæн мигæнæнтæ æмæ йæ цæрынмæ рарвыста. Уый фæстæ Сæуæссæ цуанмæ фæцыд, æмæ æвæджиауы рæсугъд урс сагыл сæмбæлдта. Саджы Зилгæцады былы онг аййæфта, æмæ уæд саг йемæ дзурын райдыдта: [[Донбеттыртæ|Донбеттырты]] мад кæй у, æмæ иу чызг æмæ авд фырты йæм кæй ис, уый йын радзырдта, æмæ Донбеттыртæ йæ сæхимæ кæй хонынц, уый дæр. Сæуæссæ Донбеттыртæм рацыд, æмæ дзы сæ иунæг чыдзжы ракуырдта. Чыдзæхсæвы фæстæ уыдонæн æртæ фырты райгуырд — [[Борæ]], [[Дзылæу]] æмæ [[Болатбæрзай]]. Афтæ равзæрдысты [[Нартæ]].<ref>Сказания о Нартах; в 5-ти томах. Том I. /Сост. К.Ц. Гутиев — Орджоникидзе. Ир, 1989 — 496-с</ref>