Эрикссон, Лейф: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч Taamu переименовал страницу Эриксон, Лейф в Эрикссон, Лейф
Рæнхъ 8:
Йæ Америкæмæ балцы размæ скодта уæййагон экспедици [[Норвеги]]мæ. Ам Лейф саргъуыйын кодта йæхи Олаф Трюгвассонæн, Норвегийы паддзахæн æмæ киеваг къниаз Владимиры ивгъуыд хъан. Олафы фæзмынгæ, Лейф æрласта чырыстон алчеры Гренландимæ æмæ йæ саргъуыдта. Йæ мад æмæ бирæ гренландæгтæ райстой чырыстон дин, фæлæ йæ фыд, Сырхсæр Эрик, баззад фыдæлты диныл хæцтæй. Фæстæмæдзæугæйæ Лейф аирвæзын кодта науыхæлд иййæфт, исландаг Ториры, æмæ йæ уый фæстæ схуыттой «Амондджын Лейф».
 
Куы æрхæццæ ис, уæд Гренландийы сæмбæлди норвегагнорвегиаг [[Бйарни Херйолфссон]]ыл, кæцы йын радзырдта, кæй федта ныгуылæны дард денджызы мидæг зæххы кæронхæххытæ.
 
Иу-1000-æм азы Лейс Эрикссон къордимæ 35 лæгæй, аленк кодта науыл, кæцы балхæдта Бйарнийæ. Гом дзы æрцыдысты америкæйæг донгæрæтты æртæ регионы: [[Хеллуланд]] (æвæццæгæн, [[Баффины Сакъадах]]), [[Маркланд]] (хъуыдытæм гæсгæ — æрдæгсакъадах [[Лабрадор]]) æмæ [[Винланд]], сæнæфсир дзы парахатæй кæй зади, уый тыххæй (æвæццæгæн [[Ньюфаундленд (сакъадах)|Ньюфаундленды]]ы былгæрæттæ уыдысты, нырыккон бынат [[Л’Анс-о-Медоуз]]ы цур). Уым ма скодтой цалдæр хъæууаты, кæдоны æрзымæг кодтой.
 
Куы та æрцыдис Гренландимæ, Лейф радта йæ нау йе ’фсымæр Торвалдмæ. Уый йыл йæ бæсты хъуамæ ацыдаит Винланд иртасынмæ. Фæлæ йе 'кспедици æнæнтыстад баййæфта: скандинавтæ сæмбæлдысты «[[скрелинг]]тимæ» — цæгатамерикон знæмтимæ æмæ семæ тохы Торвалд фæмард.