Хетæгкаты Къоста: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Файл:Kosta XETAGUROV.jpg|thumb|right|Хетæгкаты Къоста ирон дарæсы]]
'''Хетæгкаты<ref>Кæд æмæ орфографийы домæнтæм гæсгæ фыссын хъæуы Хетæ'''гг'''аты, традицимæ гæсгæ поэты ном фыссынц «гк»-йæ: Хетæ'''гк'''аты. Уый тыххæй фен [http://amikeco.ru/2011/02/kosta.html ацы фарс].</ref> Леуаны фырт Къоста''' (райгуырдис [[1859-æм аз]]ы 3 ([[15 октябры|15]]) октябры, [[Нарыхъæу]]ы — амардис [[1906-æм аз]]ы [[19 мартъийы]] ([[1 апрелы]]), [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы]]йы) уыдис зынгæ [[Ирон адæм|ирон]] [[фыссæг]], {{поэт|Уæрæсейы}}, {{публицист|Уæрæсейы}}, [[нывгæнæг]] æмæ [[нывгæрдæг]]. Нымад цæуы [[ирон литературæ]]йы бындурæвæрæгыл.
 
Къоста райгуырдис [[Нарыхъæу]]ы. Сывæллонæй фæахуыр кодта Нары, [[Дзæуджыхъæу]]ы æмæ [[Стъарапол]]ы, æмæ [[1881-æм аз]]ы бацыд [[Бетъырбухы Аивадон академи]]мæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди кæй æрлæууын кодтой, уый тыххæй рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Уым Къоста ныффыста йæ æмдзæвгæты фылдæр хай, æмæ йæ ном тынг ахъæр ис. Йæ æмдзæвгæтæ та Ирыстоны сахарты æмæ хъæуты апырх сты.
Рæнхъ 8:
 
[[Файл:Kosta Khetagurov as a student.jpg|къаддæргонд|рахиз|Хетæгкаты Къоста, студентæй]]
Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй [[Дзæуджыхъæу]]мæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд [[Нарыком]]ы цæрджытимæ алыгъдис [[Хъобаны облæстм]]æ, уым [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы хъæуæн]] бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой. Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.
 
1871-æм азæй 1881-æм азмæ Къоста ахуыр кодта [[Стъарапол]]ы гимназы. Уæды рæстæгæй йын баззадис дыууæ ирон æмдзæвгæйы æмæ иу уырыссаг.
Рæнхъ 17:
 
=== Фыццаг æрвыст æмæ низ ===
1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд [[Терчы облæст]]æй. Къоста ацыд [[Лабæ (хъæу)|Лабæмæ]], йæ фыды хæдзармæ, æмæ дзы фæцис дыууæ азы. 1893-æм азы Къоста ацыд Стъараполмæ æмæ дзы газет «Цæгат Кавказы» кусын байдыдта. Уым фæкуыста 1897-æм азы онг, æмæ уыцы рæстæджы йæ ном тынг ахъæр ис. 1895-æм азы «Цæгат Кавказы» рацыд йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд. Стъараполы уæвгæйæ Къоста туберкулезæй фæрынчын ис. Уый тыххæй йын сарæзтой дыууæ операцы, фæлæ йæ низ не ’рлæууыд. Дыккаг операци æрцыдис Бетъырбухы, æмæ уый фæстæ Къоста æхсæз мæй уатæй нæ сыстад. 1898-æм азы æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ низæн хос кæнын уым адарддæр кодта.
 
=== Дыккаг æрвыст ===