Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Gazkar (ныхас | бавæрд)
Добавлено содержимое
Метки: мобилон архайæнæй конд ивд мобилон архайæнæй конд ивд
Нет описания правки
Рæнхъ 13:
Бæрзондквалификациджын кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæугæ уыд [[Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ|облæсты]] адæмон хæдзарад райрæзын кæнын. Адæмон коммунистон рухсад (наркомпрос) тагъд кодта ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл, куыд «ахуырадон æмæ адæмон-хæдзарадон пъланты иууыл ахсджиагдæр хæс», афтæ.
 
[[1931 аз]]ы [[19 сентябры]] ауагъдæуыд Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады облæстон хайады сæрмагонд рабадт, цыран большевикты Æппæтцæдисон Коммунистон партийы [[1931 аз]]ы [[11 ноябры]] уынаффæмæ гæсгæ рахаста фæндон, цæмæй [[Цхинвал|Сталиниры]] конд æрцæуа педагогон институт. Коллеги организацион-техникон куыстыты тыххæй равзæрста комитет [[Тыбылты Алыксандр]]ы сæргълæудæй. Комитеты скондмæ бацыдысты: Адæмон ахуырады облæстон хайадæй (Исакова А.), Централон Æххæстгæнæн Комитетæй (Битеты В.), партион Комитетæй ([[Гасситы Измаил|Гасситы И.]]) æмæ совпрофцæдистæй (Гæззаты Г.).
 
[[1932 аз]]ы [[1 январы]] Сталиниры кадджын уавæры байгом ис педагогон институты фыццаг курс дыууæ хайадимæ: агробиологи æмæ физикон-математикон хайæдтæ. Студенттæ та уыдысты 20 адæймаджы. Курс уыдис æртæазон. Уæлрадон уавæртæ домдтой, цæмæй институтмæ истаиккой авд къласы ахуыр кæмæ уыд, ахæмты. 1931 азы фыццаг курсмæ бахастæуыд 31 курдиаты.