Саурмаг I: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
'''Саурмаг I''' ({{lang-ge|საურმაგი}}) уыдис [[Ибери]]йы дыккаг паддзах [[Фарнавазидтæ|Фаранавазидты]] династийæ, паддзах [[Фарнаваз I|Фарнавазы]] фырт.
 
Профессор Кирилл Тумановмæ гæсгæ йæ хицауиæуæджы рæстæг уыд 239-159 азты нæ дуджы агъоммæ. Гуырдзиаг азгайфыстытæм гæсгæ уæздæтты сусæгвæнды тыххæй алыгъд [[Дзурдзуктæ|Дзурдзукы паддзахадмæ]], йæ мады цæгат кæм уыд, уырдæм. Фæстæдæр та [[Дзурдзуктæ|дзурдзукты]], [[Сæрмæттæ|сæрмæтты]] («[[Ирæттæирæттæ|Осебиосеби]]» [[Картлис Цховреба|гуырдзиаг азгайфыстытæм]] гæсгæ) æмæ йæ гуырдзиаг фæрсыллæуджыты фæрцы<ref>Явус Ахмадов. Царь Саурмаг - правитель Иберии и дурдзуков // Вестник «Лам». — 2001. — № 7 (11).</ref> паддзахы бынат фæстæмæ райста, гадзрахаттæй йæ бæстæ асыгъдæг кодта æмæ ног уæзданад сфæлдыста, бынтон йæ къухы чи уыд, ахæм. Куыд æнхъæлынц, Саурмагæн хион фырт нæ уыди, æмæ уый тыххæй йæ бынтæ райста йæ кæнгæ фырт [[Мириан I|Мириан]].<ref> Rapp, Stephen H. (2003), Studies In Medieval Georgian Historiography: Early Texts And Eurasian Contexts. Peeters Bvba, ISBN 90-429-1318-5, 281-æм фарс.</ref>
 
Профессор [[Ахмадов, Явус Зайндийы фырт|Явус Ахмадов]] куыд амоны, Саурмаджы номæн ис ирайнаг равзæрд. Стæй ма куыд хъуыды кæны, афтæмæй йæ царды (хицауиуæггæнæны нæ фæлæ) азтæ уыдысты 237-162 азтæ нæ дуджы агъоммæ, уый тыххæй æмæ 72 азы дæргъы кæй хицаиуæг кодта, уый æууæндгæ нæу. Саурмагы хицауиуаджы фæстæг азтæ, йæ фыд Фарнавазы фæстæг азтау, абæрæг уыдысты Иберийы зæххыты уæрæхдæр кæнынадæй. Скæсæнырдыгæй йæ хай систы Эретийы[[Эрети]]йы зæххытæ, [[Кавказы Албани|албайнаг]] знæмтæ кæм цардысты, [[Нахагнахаг-дагъистайнаг æвзæгтæ|нахнахаг-дагъистаныдагъистайнаг æвзагон къордмæ]] чи хауынц, уыдон. Афтæ Иберийы скæсæйнаг сыхæг сси [[Антропатенæ]], хуссайраг [[Сомихыстон]], ныгуалæны та [[Понты паддзахад]]. Фæлæ æгæр тыхджын уæзданадимæ мидаггæг тохы тыххæй æвæндонæй алыгъд йæ паддзахадæй. Стæй та йæ фарсыллæуджытæй стыр æфсад æрымбыргæйæ æвиппайды Картлимæ ныббырст, æмæ йе фсады бæрц æмæ ныббырсты æвиппайдыдзинады руаджы æнцонæй уæлахиздзау сси.<ref>Явус Ахмадов. Царь Саурмаг — правитель Иберии и дурдзуков // Вестник «Лам». — 2001. — № 7 (11).</ref>
 
Йе знæгтæн сæ иу хай ныххатыр кодта, иннæты та ныццагъдта. Скодта хицауады системæйы реформæтæ, зæронд элитæты æрлæмæгъ кодта, лæггæдгæнджыты хайад та сыстыр кодта. Радта бирæ кад æмæ зæххытæ дзурдзуктæн. Ноджы ма дзурдзукты Кахети æмæ Картлийы цæгаттаг районтæм хонын байдыдта.<ref>Явус Ахмадов. Царь Саурмаг - правитель Иберии и дурдзуков // Вестник «Лам». — 2001. — № 7 (11).</ref>