Содержимое удалено Содержимое добавлено
|
Метка: новое перенаправление |
#REDIRECT[[Саубарæг]]
'''Сау бæрæджы дзуар''' – къæрныхты æмæ [[Абырæг|абырджыты]] [[бардуаг]] [[ирон мифологи]]йы. Куыд дзурынц, афтæмæй Сау бæрæджы дзуар кæддæриддæр сау бæхыл æмæ сау дарæсы вæййы, давынмæ æмæ стигъынмæ цы фыдгæнджытæ фæцæуы, уыдон разæй. Сау бæрæджы дзуар кадджыты æвдыст цауы, куыд [[Уастырджи]]йы антипод, афтæ, хицæн вариантты та – холыдзуан æхсæвдзу [[бирæгъ]]ты бардуагæй. Сау бæрæджы дзуар [[Уæлладжыры ком]]ы йеддæмæ никуы кувынц, [[Быз]]мæ хæстæг йæ номыл ис хъæды къох. Куыд дзырдтой, афтæмæй уыцы къохы йæ бон бамбæхсын уыдис алы фыдгæнæгæн дæр. Иуæй-иу таурæгътæм гæсгæ Сау барæджы къох уыдис фæрныджы дзуары бадæн дæр. Фæрныджы дзуары та нымадтой æппæт фыдгæнджыты, суанг марджыты бардуагыл дæр. Бызы хъæуы-иу алы уалдзæг дæр Сау барæджы номыл уыдис бæрæгбон, алы хæдзары дæр æргæвстой нæл фыс, хъæугуывдæн та – æхсæны фæрæзтæй æлхæд гал, стыр цæджджинæгты æхсыстой бæгæны, уагътой арахъхъ. Куывдмæ-иу æрцыдысты хæстæджытæ æмæ хъæуæй æндæр рæттæм алидзæг адæм. Бæрæгбон-иу ахаста иу цалдæр боны. Сау бæрæджы дзуар ХVII-ХVIII æн. райдианæй фæстæдæр нæ фæзындаид, ома йæ фæзынд ын ахæссæн ис иры мыггæгты ‘хсæн тохы дугмæ, тæлæт-ныббырстытæ сабыргай æфтиаджы ахсджиаг фæрæз куы сысты, уыцы заманмæ. Къæрныхтæн æмæ абырджытæн уыдис сæхи æвзаг – «[[Абырджыты æвзаг]]».<ref>Дзадзиты А.Б., Дзуццаты Х.В., Хъараты С.М. — "Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи", Дзæуджыхъæу: Терек, 1994 аз, 284 ф.</ref>
== Фиппаинæгтæ ==
{{фиппаинæгтæ}}
[[Категори:Ирон мифологи]]
[[Категори:Ирон уырнынæдтæ]]
|