Мириан III: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
{{паддзахадон архайæг}}
 
'''Мириан III''' уыдис III/IV æнусы [[Ибери (паддзахад)|Ибери]]йы паддзах, хицауиуæг кодта Скæсæн Ромы император Константин Стыримæ (306-337) иу рæстæджы. Нымады цæуы Ибери æмæ Гуырдзыстоны фыццаг [[Чырыстон дин|чырыстон]] паддзахыл, æппæт бæстæйыл дзуартæ чи сæфтыдта, ахæмыл. [[Гуырдзиаг растуырнæг еклезимæеклези]]мæ гæсгæ у чырыстон сыгъдæг, йæ ном официалон æгъдауæй у '''Сыгъдæг Апостолтимæ Æмбар Паддзах Мириан''' ({{lang-ge|წმინდა მოციქულთასწორი მეფე მირიანი}})<ref>David Marshal Lang. The Georgians. — N. Y.: Praeger, 1966. — P. 95.</ref>.
 
У Иберийы [[Хосроидтæ|Хосроидты]] династийы бындуравæрæг<ref name="rapp">Rapp, Stephen H. (2017). "Georgia before the Mongols (2017)". Oxford Research Encyclopedia of Asian History. Oxford University Press: 1–39.</ref>.
 
== Хæдзарвæндаг ==
Мириан уыдис Михраны хæдзары (мыггаджы) уæнг, кæцы уыд [[Ираны Авдавд Стырстыр мыггагтæмыггаджы|Ираны авд стыр мыггагæй]]й сæ иу<ref name="rapp"/>. Йæ бинонтæ цардысты бынат Рейы, цæгатаг Ираны, æмæ æнхъалдтой сæхи Аршакидты империйы хицауиуæг династийы фæдонтыл. Мириан йæхæдæг дæр Ираны райгуырд æмæ фыццаджы зороастриаг лæг уыд. 284-æм азы шаханшах Бахрам II Иберийы паддзахы бынат Мирианæн радта, æмæ афтæ райдыт Михранидты рæстæг Иберийы. Хосроидты мыггаг та, Мириан йæ хистæр кæмæн уыд, уыдис Михранидты мыггагæн йæ къабаз. Бахрам II-ы бæллиц уыд Сасанидты хицауад Кавказы сфидар кæнын æмæ Цхетайыл къухдариуæг кæнын.
 
Михранидты мыггагæн йæ æндæр къабæзтæ дæр Кавказаг бæстыты хицауиуæг кодтой, афтæ сæ иу æрбынат уыд Гугаркы, æмæ æндæр Гардманы.
 
== Чырыстон дин райсыны хабар ==
Мириан чырыстон дин райста 333-æм азмæ æввæхс, стæй та 337-æм азы уый паддзахадон дин сси. Афтæмæй уыд, чырыстонад паддзахадон диныл чи бафтдытой, ахæм дунейы фыццаг паддзахтæн сæ иу. Тæурæгъмæ гæсгæ Цхетайы цур цуаны куы уыд, уæд зæххмæ талынгдзинад бацыд æмæ паддзах куырмæйæ дзы баззад. Цалынмæ "Нинойы хуыцаумæ" не скуывдта, уæдмæ рухс дзы нæ фæзындис. Стæй та фæстæмæ куы раздæхтæрыздæхт, уæд Ниноимæ бадзурын бахъавыд, æмæ уый фæстæ рæхджы чырыстонад райста. Традицимæ гæсгæ, Мирианы дыккаг ус, Нана, Мирианæй раздæр чырыстонад райста.
 
Уыцы цауы руаджы Иберий хицауад фæтыхджын и, зæронд муртаккон кувæндæттæй алы хæзнатæ-иу иста æмæ сæ уæздæттæн æмæ аргъуанæн-иу дæтта. Æстæузаманы хроникæтæ дзурынц, паддзах æмæ йæ уæздæттæ чырыстонад парахат кæныны охыл тынг разæнгæрдæй кæй архайдтой, æмæ хæххон адæм семæ кæй нæ разы кодтой, ууыл. Ромаг историк Руфинус дæр афтæ фыссы, æмæ дзуарæфтыды фæстæ ибериæгтæ райдыдтой император Константинæй курын йæ сауджынты сæм рарвитын, æмæ уый æхсызгонæй сын рарвыста дины лæгты æмæ динон артефакттæ дæр. Гуырдзиаг тæурæгътæм гæсгæ Цхетайы стыр аргъуан самадта æмæ стæй Иерусалиммæ[[Иерусалим]]мæ кувынмæ кæй ацыд йæ мæлæтæй гыццыл раздæр. Тæурæгътæм гæсгæ йæ баныгадтой Самтавройы моладзандоны Цхетайы, æмæ дзы сæ дзæппæдзтæ ныры онг дæр лæууынц.
 
== Фиппаинæгтæ ==
{{фиппаинæгтæ}}
 
[[Категори:Гуырдзыстоны хицауиуæггæнджытæ]]