Ос-Бæгъатыр: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 8:
 
== Ос-Бæгъатыры хабар гуырдзиаг азгайфыстыты ==
[[Картлис цховреба]] афыссы йæ цард афтæ. Манголты ныббырсты рæстæджы, [[Гуырдзыстон]]ы паддзахад сæ дæлбæр куы сси, уæд «[[Дербент]]ы къулдуары фæстæ» рацыдысты гуырдзиаг паддзах Деметре II-æм алайнаг лигъддонтæ. Сæ радздзог уыдис сылгоймаг Ламечав, йемæ уыдысты «Ахасарфакиани»-йы мыггагæй сывæлæттæ: Бæгъатыр æмæ [[Фареджан]]. Фареджан уыдонæй уыд сæ хистæр, æмæ гуырдзиаг æзгайфыстытæ хонынц йæ «ирон паддзахы фырт». Паддзах сæ рарвыста манголты хицау Уло-ханмæ. Уло цын цæрыны бар радта, æмæ афтæ фæстæмæ паддзахмæ рарвыста. Паддзах сæ æрцæрын кодта йæ сæйраг сахары, стæй [[Дманис]] æмæ [[Жинвали|Жиновани]]йы.<ref name="Картлис Цховреба">Картлис цховреба. История Грузии — Тбилиси, издательство Артануджи, 2008. — 456 с.</ref><ref name="Алемань">Augusti Alemany — Sources on the Alans: A Critical Compilation. — Brill, 2000.</ref>
 
1289-æм азы Деметре II-ы манголты бардзырдмæ гæсгæ мæлæтæй бафхæрдтой, Аргун-ханы ныхмæ сусæгвæнды уæнг кæй уыди, уый тыххæй. Йæ фырт Вахтанг III сси Гуырдзыстоны паддзах, фæлæ гуырдзиаг уæздæттæ райдыдтой паддзахы бынаты тыххæй быцæу кæнын, æмæ алайнæгты раздзог Фареджан слæууыд Деметрейы æндæр фырт Давиды фарсмæ. 1292-æм азы Вахтанг амард æмæ Давид сси Гуырдзыстоны паддзах Давид VIII-æмы номæй, æмæ Кетагу, манголты фæтаг, бардзырд йын радта бердзенаг сахар Тунгузало тыхæй райсын, йæ иузæрдыгдзинад равдисынæн. Фареджан паддзахимæ хæстмæ ацыд, æмæ уыцы рæстæджы Картлийы цæрæг ирæттæ райдыдтой дзы бынæттон гуырдзиæгты хъыгдарын, æмæ Гуры сахар сæхимæ райстой. Картлийы ерыстауы фырт Хамада æфсад сæмбырд кодта æмæ Гур æрхъулы кодта. Бирæ ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ дзы кæрæдзийы фæцагъдтой, æмæ уæд ирæттæ манголты æххуыс бафæрстой. Манголтæ цын æфсад рарвыстой æмæ знæгтæ сабырдзинадыл бадзырдтой. Фæлæ азгайфысты автор баффипайдта, уыцы рæстæгæй ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ фыдызнæгтæ кæй систы, уый. Фыдызнæгтæ кæй систы, уый азгайфыст дарддæр æвдисы ахæм эпизодæй: ирæтты бал [[Тбилис]]мæ базар кæнынмæ рацыдысты, фæлæ дзы цын гуырдиагтимæ хæцт рæцыд æмæ гуырдзиаг уæзданлæг, Ратъи йæ ном уыд, й’ адæмимæ дыууæ ироны амардта: Сахтис æмæ Узурабеджы.<ref name="Картлис Цховреба"></ref><ref name="Алемань"></ref>
 
1300-æм азмæ æввæхс Фареджаны бынат Бæгъатыр райста — æвæццæгæн, Фареджан кæй амард, уый тыххæй. Уыцы рæстæгмæ паддзах Давид йæ мангойлаг хицæуттимæ быцæу кæнын райдыдта, манголтæ Гуырдзыстонмæ стыр æфсад рарвыстой æмæ гуырдзиаг уæздæттæ ногæй дæр райдыдтой паддзахы бынаты тыххæй кæрæдзийцы цæгъдын. Уыцы рæстæджы Бæгъатыр цæдис скодта Шалва Квениплевелиимæ — «гадзрахат», кæцы мангойлаг хицау Хуглубугъайы фарс хæцыд — æмæ-иу райдыдта йæ Гуры фидарæй Картли æмæ [[Триалет]]ы зæххыл лæбурын, гуырдзиаг азнаурты сæ зæххытæй-иу сурын æмæ цалдæр фидары тыхæй райста, се ’хсæн Дзамийы фидар. Азгайфыст дæтты, Бæгъатыры ныхмæ чи хæцыд, уыцы уæздæтты нæмттæ — Хамад [[Сурамели]] æмæ Ратъи (Тбилисы базары ирæтты чи амардта, уыцы уæздан). Стæй Бæгъатыры ныхмæ рацыд Картлийы ерыстау Бека. Бека æмæ Бæгъатыры æфсадты хсæн хæцт рацыд, æмæ Бека дзы фæуæлахиз. Бæгъатыр Дзамийы фидармæ алыгъд, æмæ Бека йæ æрхъулы кодта, рамбулдта æмæ Бæгъатыры йæ уацары амардис<ref> name="Картлис цховреба. История Грузии — Тбилиси, издательство Артануджи, 2008. — 456 с.Цховреба"></ref><ref name="Алемань">Augusti Alemany — Sources on the Alans: A Critical Compilation. — Brill, 2000.</ref>.
 
Уымæ нæкæсгæйæ, Гуры фидар чи райстой, уыцы ирæттæ дзы цардысты æмæ хицауиуæг кодтой ноджы 20 азы дæргъы, æмæ 1326-æм азы Картлийы ног паддзах, Георги V Æрттивæг, Гуырдзыстон ногæй баиу кодта æмæ Гуры фидар райста æмæ ирæтты фæстæмæ хохмæ асырдта.<ref name="Картлис Цховреба"></ref><ref name="Алемань"></ref>
 
== Ос-Бæгъатыр æмæ Нузалы аргъуан ==