Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 13:
Бæрзондквалификациджын кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæугæ уыд [[Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ|облæсты]] адæмон хæдзарад райрæзын кæнын. Адæмон коммунистон рухсад (наркомпрос) тагъд кодта ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл, куыд «ахуырадон æмæ адæмон-хæдзарадон пъланты иууыл ахсджиагдæр хæс», афтæ.
 
[[1931-æм аз]]ы [[19 сентябры]] ауагъдæуыд Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады облæстон хайады сæрмагонд рабадт, цыран большевикты Æппæтцæдисон Коммунистон партийы [[1931-æм аз]]ы [[11 ноябры]] уынаффæмæ гæсгæ рахаста фæндон, цæмæй [[Цхинвал|Сталиниры]] конд æрцæуа педагогон институт. Коллеги организацион-техникон куыстыты тыххæй равзæрста комитет [[Тыбылты Алыксандр]]ы сæргълæудæй. Комитеты скондмæ бацыдысты: Адæмон ахуырады облæстон хайадæй (Исакова А.), Централон Æххæстгæнæн Комитетæй (Битеты В.), партион Комитетæй ([[Гасситы Измаил|Гасситы И.]]) æмæ совпрофцæдистæй (Гæззаты Г.).
 
[[1932-æм аз]]ы [[1 январы]] Сталиниры кадджын уавæры байгом ис педагогон институты фыццаг курс дыууæ хайадимæ: агробиологи æмæ физикон-математикон хайæдтæ. Студенттæ та уыдысты 20 адæймаджы. Курс уыдис æртæазон. Уæлрадон уавæртæ домдтой, цæмæй институтмæ истаиккой авд къласы ахуыр кæмæ уыд, ахæмты. 1931 азы фыццаг курсмæ бахастæуыд 31 курдиаты.
 
Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæр скъола бакæнæн уыд раздæр дæр, фæлæ нæ [[Гуырдзыстон]]ы меньшевикон хицауады 1917–1921 азты знагиуæгон хæст бахъыгдардта. Нæхи бынæттон кадртæ нæм кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ хицауады æмбæлон оргæнты бахъуыдис нæ бæстæйы æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй специалистты æрхоныны сæр.
Рæнхъ 21:
Фыццаг рæстæджыты педагогон институтæн нæ уыд йæхи агъуыст, уымæ гæсгæ фыццаг курсы ахуыртæ ауадзынæн хицæнгонд æрцыдысты аудиторитæн музыкалон скъола æмæ педагогон ахуыргæнæндоны агъуыстыты хатæнтæ.
 
Цасдæр рæстæджы агропединститут архайдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры агъуысты, стæй йæ раивтой [[Цхинвал|Сталинир]]ы педагогон ахуыргæнæндоны агъуыстмæ, уым сын рахицæн кодтой авд къласы. Институты администраци та уыд дыууæ чысыл хатæны. Институтæн нæма уыд нæдæр кабинеттæ, нæдæр лабораторитæ. Фыццаг рауагъд уыд 1935-æм азы.
 
1933–1934 ахуыры азы ма институты конд æрцыдысты æвзаг æмæ литературæйы факультет — ирон æмæ уырыссаг хайæдтæ.
Рæнхъ 47:
1937–1938 ахуыры азты ахуыргæнджыты институты уыдис 10 курсы, 105 студентимæ, рабфакы хъусджыты куы банымайæм, уæд.
 
[[1939-æм азыаз]]ы февралы мæймæ ахуыргæнджыты институтæн нæ уыд хисæрмагонд агъуыст. 1939 азы сентябры ахуыртæ райдыдтой йæхи сæрмагонд агъуысты æмæ йæ 1970 азы та схуыдтой педагогон институт.
 
1938–1939 ахуыры азты филологион факультеты конд æрцыдис ног хайад — гуырдзиаг æвзаджы факультет, æмæ студентты контингент дæр уый æмрæстæджы фæфылдæр 133-йæ 225-мæ. 1970 азы институты дирекци æрæвæрдта фарст бынæттон хицауады оргæнты раз историон факультет бакæныны тыххæй. Уый та баст уыд иумæйаг æмæ фыдыбæстон истори ахуыр кæныны æнæмæнгдзинадыл.
Рæнхъ 72:
 
== Ныры уавæр ==
 
Абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет у педагогон кадрты сæйраг цæттæгæнæн центр.