Эрикссон, Лейф: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
{{Персонæ}}
[[Файл:Christian-krohg-leiv-eriksson.jpg|къаддæргонд|Лейф Эрикссон гом кæны Америкæ, [[Крог, Кристиан|Кристиан Кроджы]] ныв]]
'''Лейф Эрикссон Амондджын''' ({{lang-is|Leifur Eiriksson}}; иу-970 — иу-1020) — скандинаваг денджызы цæуæг, кæцы фæзынд Цæгат Америкæйы иу-500 азы Колумбæй раздæр. [[Исланди]]йы армдарæг æмæ йæ саргъауæг. [[Гренланди]]йы байгомгæнæг [[викинг]] Сырхсæр Эричы фырт æмæ Торвалд Асвалдсоны фыртыфырт.
Лейфы бæлцытæ сты зындгонд ахæм манускриптты фæрцы, куыд «Сырхсæр Эричы сагæ», «Гренландæгты сагæ». Се ’цæгдзинад уыди археологон байгомтæй бæлвырдгонд, зæгъæм, [[Кенсингтойнаг рунæдур]].
 
== Цардафыст ==
Лейф Эрикссон райгуырд Исландийы, [[Сырхсæр Эрик|Сырхсæр Эричы]]ы хæдзары, кæцыйы рарвыстой [[Норвеги]]йæ æгас мыггагимæ. 982 азы Эрикы бинонтæ фæлыгъдысы Исландийæ дæр, сæхи тудджынтæй хизгæйæ. Лейф йæ фыды бинонтимæ æрбынат кодта Гренландийы ног колониты. Лейфæн ма уыди дыууæ æфсымæры, [[Торвалд]] æмæ [[Торстейн]], æмæ хо Фрейдис. Ракуырдта Торгуннайы æмæ цын уыди иу лæппу — [[Торкелл Лейфссон]].
 
Йæ Америкæмæ балцы размæ скодта уæййагон экспедици [[Норвеги]]мæ. Ам Лейф саргъуыйын кодта йæхи Олаф Трюгвассонæн, Норвегийы паддзахæн æмæ киеваг къниаз Владимиры ивгъуыд хъан. Олафы фæзмынгæ, Лейф æрласта чырыстон алчеры Гренландимæ æмæ йæ саргъуыдта. Йæ мад æмæ бирæ гренландæгтæ райстой чырыстон дин, фæлæ йæ фыд, Сырхсæр Эрик, баззад фыдæлты диныл хæцтæй. Фæстæмæдзæугæйæ Лейф аирвæзын кодта науыхæлд иййæфт, исландаг Ториры, æмæ йæ уый фæстæ схуыттой «Амондджын Лейф».