Сиддхартха Гаутама: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 17:
Йæ бынтæ ныууадзгæйæ йæ царды нысан сæвæрдта тухитæй куыд фервæзæн ис, уый базонын. Райдыдта ахуыр кæнын [[Йогæ|йогикон]] [[медитаци]] дыууæ цардиппæрд [[брахман]]ы разамындмæ гæсгæ æмæ кæд ацы хъуыддаджы уæллоз къæпхæнтæм схызтис, уæддæр йæ куыст нымадта æнæнтыстыл.
 
Йæхиуыл скодта цæугæцардгæнæг моладзаны дзаума æмæ араст ис хуссар-скæсæны Индимæ. Райдыдта тызмæг цардиппæрды цардыл ахуыр кæнын æмæ йæхи тухæнæй марын. Æхсæз азы фæстæ мæлæты дуарыл лæугæйæ фæхатыд, тызмæг [[аскезæ|аскезон]] методтæ ногæй йын кæй ницы дæттынц. Уæд ныууагъта йæ буар удхарæй марын æмæ афтид [[медитаци]] йæ куыст скодта, æмæ рабæрæг кодта [[астæуккаг фæндаг]] — хи домæнтæ дæр иууыл æххæст кæнынмæ ма бæллын æмæ дæхи удхарæй дæр ма марын. Фикус бæласы бын сбадти (уый тыххæй ацы бæласы райдыдтой хонын [[Бодхийы бæлас]]), æмæ ард бахордта, уæлæмæ кæй нæ сыстдзæн, цалынмæ æцæгдзинад нæ базона, уæдмæ. Æнæнхъæлæджы йæм æрцыди куырыхон зонд. Уæдæй фæстæмæ йæ хонын райдыдтой Буддæ. Уый у санскритаг дзырд æмæ амоны: Рухс зонды хицау. Афтæмæй «райхъал ис», майы мæй цалхыдзаг куы уыд, уыцы рæстæг. Уæд ыл цыдис 35 азы. Уæд æй райдыдтой хонын Гаутамæ Буддæ кæнæ афтиддæр «Будда». Йæ хъуыдытæ Буддæ парахат кодта, [[Ганг|цæугæдон ГангыГанджы]] был цы сахар уыд, уым — Бенарессы. Йæ хъуыдыты апп та арæзт у цыппар хайæ, цыппар фарнхæссæг къабазæй:
 
# Дунейыл алцы дæр кæны ивгæ-ивгъуыйгæ, уымæ гæсгæ цард йемыдзаг у хъизæмæрттæй, хъыгæй, фыдохæй.
Рæнхъ 27:
 
Буддæ уæлæргом кодта (уырыс. ''подчеркивать'') хуыцау кæй нæу. Буддæ — зондамонæг уыцы фæлдисондтæн кæдон снысан кодтой ацы фæндагыл ацæуын æмæ [[Райхъалдзинад]]мæ бацæуын æмæ базонын æцæгдзинад æмæ бæлвырдад куыд сты афтæ.
 
 
 
Йæ царды дарддæр цы 45 азы фæцард, уыцы рæстæг балцы цыдис цæугæдон [[Ганг]]ы дæлвæзыл астæуккаг [[Инди]]йы, амыдта йæ ахуырад алы хуызон адæмæн, уыдонимæ ерысгæнæг динты æмæ философиты фарсхæцджытæн дæр. Йæ дин уыдис æргом алы расæ æмæ кълæстæн дæр æмæ йын нæ уыд ницавæр [[Кастæ|кастон]] структурæ. Бындур æрæвæрда буддистон моладзанты комуннæ («[[Сангха]]йæн»), цæмæй йæ ахуырад ма фæсæфа йæ кæройнаг «Ниббаны» фæстæ æмæ дунейæ ацæуыны фæстæ. Йæ фæдыл араст сты уыцы коммунæмæ мингай ног здæхтытæ.
Строка 40 ⟶ 38 :
Сæйрагдæр амонæн Буддæйы царды рæстæджы тыххæй у буддистон император [[Ашокæ]]йы паддзахиуæджы райдайæн. Ашокæйы эдиктты бындурыл æмæ‐иу минæвæртты кæмæ арвыста, уыцы эллинаг паддзæхты паддзахиуæджы рæстæгмæ гæсгæ, ахуыргæндтæ датæ æвæрынц Ашокæйы хицауиуæг 268 аз нæ эрæйы агъоммæ. Палийаг равзæрæнтæ дзурынц Буддæ фæмард ацы хабарæй 218 аз раздæр. Иууылдæр равзæрæнтæ дзурынц Буддæ амард цыппар æмæ ссæдзаздзыдæй, æмæ уыдæттæм гæсгæ рауад датæ 566-486 азты нæ эрæйы агъоммæ. Уый у «даргъ хронологи» (long chronology) кæй хонынц, уый. Альтернативон «цыбыр хронологийы» (short chronology) бындур сты [[санскрит]]аг равзæрæнтæ цæгат-индиаг буддизмы Скæсæн Азийы чи баззадис. Ацы версимæ гæсгæ Буддæ амардис 100 азы раздæр Ашокæйы паддзахадиуæджы размæ, æмæ уый дæтты ахæм датæ: 448—368 азтæ нæ эрæйы агъоммæ. Уыимæ иуæй-иу скæсæйнаг традициты Буддæйы мæлæты датæйыл нымайынц 949, кæнæ 878 аз нæ эрæйы агъоммæ, Тибеты та — 881 аз нæ эрæйы агъоммæ.
 
[[Радиоæвзалыгуыр анализ]] æвдисы, иуæй-иу цæрæнрæттæ, Буддæ кæй бабæрæг кодта [[Трипитака|Палийаг канонмæ]] гæсгæ, нæ уыдысты нырма арæзт, адæм дзы нæма æрцардысты мах дуджы 500-æм азы размæ (±100 азы) æмæ уый дызæрдыгыл æфтауы датæ 486 аз нæ эрæйы агъоммæ. Уый едтæмæ ма цы информаци йы [[джайнизм]]ы историйыл дзуры Буддæ æмæ [[Махавира]], джайнты раздзог, дыууæйæ дæр амардысты 410 æмæ 390 азты астæу.
 
== Буддæйы зонды ныхæстæй ==