Джусойты Нафи: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Рæнхъ 10:
1941 азы [[22 июны]] райдыдта [[Фыдыбæстæйы Стыр хæст]]. Джусойты Нафи ацыд барвæндæй [[Сырх Æфсад|Сырх Æфсадмæ]] иу мæйы фæстæ – [[24 июлы]].
 
Советон Æфсады рæнхъытæй демобилизацигонд æрцыд [[1945]] азы ноябры кæрон. 1945 азы [[25 декабры]] ист æрцыд куыстмæ [[Хуссар Ирыстон]]ы Компартийы Обкоммæ кадрты куысты фæдыл инструкторæй. Фæкуыста дзы [[1947]] азы марты мæймæ, стæй нысан æрцыд областон газет «Коммунистты» цензорæй. Фæкуыста дзы [[1949]] азы мартъийы мæймæ, стæй йæ сфидар кодтой [[Гуырдзыстоны ССР]] Компартийы газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны. Ам фæкуыста [[1949]] азы ноябрмæ, стæй райдыдта ахуыр кæнын [[ССРЦ]] Зонадон Академийы Уырыссаг литературæйы институты (Пушкины хæдзары) [[аспирантурæ|аспирантурæйы]]. Каст æй фæци [[1953]] азы декабры. Бахъахъхъæдта кандидатон диссертации (темæ: «Проблема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова») 1953 азы ноябры мæйы æмæ уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæ – Хуссар Ирыстонмæ. [[1954]] азы [[15 февралы]] райдыдта кусын [[Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институт]]ы ирон фольклор æмæ литературæйы хайады гæсæйхайадгæсæй, æмæ уæдæй абонмæ кусы уым æмæ уыцы бынаты.
 
[[1968]] азы декабры Джусойты Нафи бахъахъхъæдта докторы диссертации («История осетинской литературы дореволюционного периода») Мæскуыйы [[Максим Горькийы номыл дунеон литературæйы институт]]ы. [[1988]] азы æвзæрст æрцыд [[Гуырдзыстоны Зонæдты Академи]]йы уæнг–уацхæссæгæй, фæлæ [[1990]] азы рацыд уыцы Академийæ, уый Гуырдзыстоны гарзджын абырджыты Хуссар Ирыстонмæ бырсыныл кæй ардыдта, уый тыххæй.
 
Джусойты Нафи у ССРЦ фысджыты Цæдисы уæнг 1955 азæй, Литературон критикты дунейон Ассоциацийы (МАЛК) уæнг [[1970]] азæй, [[Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми]]йы лауреат [[1978]] азæй æмæ [[Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фысджыты номхыгъд|Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фыссæг]] [[1995]] азæй. [[1984]] азы йын йæ литературон сфæлдыстады тыххæй лæвæрд æрцыд «Кады нысаны» орден.
 
== Сфæлдыстад ==