Коцойты Арсен: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
ч æрцдыд --> æрцыд
Рæнхъ 16:
«''Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй''», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй [[Джыккайты Шамил]]. Йæ цалдæр радзырдты фыссы [[туг исыны æгъдау]]ыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый [[ирон адæм]]æн. «''Нæ фыдбылызты фыддæр''», — афтæ схуыдта Арсен [[ирæд|ирæды]] («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.
 
Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу [[уацау]] («Джанаспи»), иу [[роман]] («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцдыдæрцыд) æмæ цалдæр [[пьесæ|пьесæйы]].
 
Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг [[1939]] азы хорзæхджын æрцыд [[орден]] «[[Кады нысан|Кады нысанæй]]». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ [[Беслан]]ы уынгтæ.