Æлборты Феликс

ирон композитор

Æлборты Шалвæйы фырт Феликс (1935-æм азы 8 сентябры, Цхинвал2005-æм азы 28 июны) уыдис зындгонд ирон композитор.

Æлборты Феликс
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ 1935-æм азы 8 сентябры(1935-09-08)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2005-æм азы 28 июны(2005-06-28) (69 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ Советон Цæдис Советон Цæдис
Уæрæсе Уæрæсе
Професситæ композитор
Инструменттæ фортепиано[d]
Жанртæ кантатæ[d], оперæ æмæ зарæг[d]
Хорзæхтæ

1956-æм азы каст фæци Тбилисы музыкалон скъола, 1963-æм азы та — Тбилисы консерватори æмæ райста композиторы дæсныйад. 1961-æм азы сси Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы сæргълæууæг æмæ сæйраг дирижёр. 1963 азы йæ хъуыдымæ гæсгæ Цхинвалы арæзт æрцыд музыкалон училищæ (абон хæссы йæ ном) æмæ сси йæ сæргълæууæг. 1979-æм азæй фæстæмæ куыста ма Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты.

1990-æм азы Феликс сси Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты сæйраг архайæг. 1998-æм азæй фæстæмæ та — Цæгат Ирыстоны Паддзахадон ансамбль «Алан»-ы музыкалон разамонæг.

Композитор, ахуыргонд æмæ æхсæнадон кусæг, Уæрæсейы композиторты цæдисы уæнг, Цæгат Ирыстон, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны аивады сгуыхт архайæг, лæвæрд ын æрцыд Г. Свиридовы номыл майдан - Æлборты Феликс ма уыимæ куыста адæмон аивады фарстатыл.

Бирæ азты дæргъы концерттæ лæвæрдта куыд дирижёр, пианист, органист. Йе стыр курдиат æмæ йæ уæздандзинад æй скодтой адæмæн уарзон. Уæлдай зынгонд æмæ зæрдæмæдзæугæ сты йæ уацмыстæ кинонывтæ «Ах, любовь», «Во всём виновата Залина»-йы, оперæ «Фатимæ», бакуыста «Мæхæмæты зарæг»-ыл, бирæ зарджытæ æмæ цæгъдтытæ æрæмысыд ирон фæндырæн. Уымæй уæлдай ма ныффыста Хуссар Ирыстоны гимн. Стыр куыст бакодта ирон адæмы музыкалон аивады фарстатыл, йæ бындурыл рацыд чиныг «Музыкальная культура осетин».

Феликс бирæ скодта Ирыстоны музыкалон аивыды райрæзтæн. Йæ цард снывонд кодта йæ уарзон Ир æмæ йæ уарзон сфæлдыстадæн. 2005-æм азы уæззау низ æмæ æвирхъау мæлæт ын аскъуыдтой йæ цард, фæлæ йæ аивад æмæ йæ ном рох нæ уыдзысты.