Аарон (ивр. אַהֲרֹן‎ [ахарон], этимологи бæрæг нæу) у Библийы пероснажтæй иу, Моисейы хистæр æфсымæр. Библимæ гæсгæ, Моисейы фæрцы Хуыцау дзуттæгтæн рагзаманы Æгъдау куы радта, уæд сауджынæй фыццаг сæвæрдæуыд Аароны. Æппæт сауджынтæ дæр Æгъдаумæ гæсгæ хъуамæ уыдаиккой æрмæстдæр Аароны байзæддæгтæй.

Аарон иконæйыл

Аароны байзæддæгтæй уыд, евангелисттæм гæсгæ Йесо Чырыстийы чи сæргъуыдта, уыцы Иоанны мад Елисаветæ дæр.