Айлартæ (уырыс. Айларовы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаг равзæрд Ос-Бæгъатыры фырт Цъæхилы астæуккаг фыртæй Уæлладжыры комы, Урсдоныхъæуы. Айлартæ ацы хъæуы цæргæйæ сбирæ сты, æмæ сæ иуæй-иутæ зæххагур фæцыдысты æндæр рæттæм. Афтæмæй Айларты мыггагæй фæзынди Цъæйы, Арвыкомы, Хуссар Ирыстоны, Дыгургомы. Айлартæн хæстæг мыггæгтыл нымайынц Дзугатæ æмæ Æмбалты. Айларты мыггагæй Дыгуры коммæ чи æрбалыгъд, уыцы лæг, дам, Цъæйы кæйдæр амардта æмæ йæ туджджынтæй йæхи бафснайдта Дыгуры комы. Ам æрцард Хонсары хъæуы, ус ракуырдта æмæ ссис бындурон цæрæг. Фæстæдæр йæ цæуæтæй бирæтæ алыгъдысты Дымтæм, уырдыгæй та Къорамæ.

Æрвадæлтæ ивын

Зындгонд адæм ивын

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 36.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 31.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 356.