Алайнаг епархи (Аллон епархи дæр) никуы уыд нæдæр уырыссаг, нæдæр грекъаг аргъуанты сконды. Уый уыд, йæ архайд XV æнусы фæудты XVI æнусы райдианы чи æрурæдта, Византияйы уыцы епархийы сконды. Раздæры Алайнаг Алчер Георги банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны алыварс чи сæвзæрд, уыцы монон æмæ политикон уавæртæ Хуыцауы фæндонмæ гæсгæ æркодтой Алайнаг митрополи саразынмæ, ныры этапы Алайнаг епархийы фæлгæтты.

«Бирæ рæстæджы дæргъы, — загъта Алчер Георги, — ничи скъуыддзаг кодта аргъуаны архайды хæдзарадон фарстатæ, уымæ гæсгæ ныртæккæ уыцы фарстатæ систы сæйраг проблемæ. Уыдон домынц аргъуанмæ лæмбынæг хъусдард аздахын æмæ паддзахады ’рдыгæй æххуыс бакæнын»[1].

Уырыссаг растуырнæг еклези Алайнаг епархи дихдзинадыл нымайы[2].

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын