Арайнаг æвзаг (окс. aranés) у гаскойнаджы диалект (ромайнаг æвзæгты къордмæ хауæг окситайнаг æвзаджы вариант; æмбæлы Францы хуссары). Дзурынц ыл ком Валь-д’Араны Испанийы. Район Валь-д’Араны йын ис официалон статус æмæ 1984-æм азæй фæстæ йæ ахуыр кæнынц скъолаты. Комы цæрджыты сæ 90% æмбарынц æй, сæ 65% та — дзурынц арайнагау.

Арайнаг æвзаг
Хином aranés
Бæстæтæ Испани
Официалон статус Каталони
Æдæппæт дзурджыты нымæц 3814
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Ромайнаг къорд
Окситайнаг-ромайнаг дæлкъорд
Фыссынад латинаг алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2
ISO 639-3
ГОСТ 7.75–97
Linguasphere 51-AAA-ff
IETF oc-aranes
Glottolog aran1260

Арайнæгты сæ фылдæр хай ма æнцонæй дзурынц каталойнаг, испайнаг æмæ францаг æвзæгтыл.

Арайнаг æвзаг æмæ окситайнаг æвзаджы территори