Бургас (болг. Бургас, гр. ΠυργοςПиргос) у Болгарийы денджызы былгæроны дыккаг стырдæр сахар (Варнæйы фæстæ) æмæ бæстæйы цыппæрæм. Йе ’мном облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр. Цæрджыты нымæц — 305 900 адæймаджы. Сахарæй Софиямæ у 385 км, Пловдивмæ — 267 км, Варнæмæ — 133 км. У ахсджиаг транспортон æлхынцъ (автовокзал, вагзал, порт, аэропорт).

Сахар
Бургас
болг. Бургас
Тырыса Герб
Тырыса Герб
42°30′00″ с. ш. 27°28′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Облæст Бургасы облæст
Хъæубæстæ Бургас
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 253,644 км²
Центры бæрзæнд 30 м
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +359 56
Посты индекстæ 8000
Автомобилон код А
burgas.bg/en
Бургас (Болгари)
Бургас (Бургасы облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Политикон ситуаци ивын

Бургасы кмет (мэр) у Димитыр Николов (Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ (ГЕРБ)) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Сахары ис Турчы генералон консулад, стæй Белорусси, Румыни, Уæрæсе æмæ Украинæйы цыты консулæдтæ.

Ахуырад ивын

Бургасы ис дыууæ университеты:

Асен Златаровы номыл университеты сконды ис æртæ колледжы: Туризмы колледж, Техникон колледж æмæ Медицинон колледж.

Куыстуæттæ ивын

Бургасы денджызон портмæ ис бæстæйы стырдæр уæргъты зилдух (ома, бæстæйы ахсджиагдæр порт у). Кусын байдыдта 1903 азы 18 майы.

 
Нефтуадзæны картæ

1960-æм азты Бургасмæ хæстæг скуыста нефткусæн завод, ныртæккæ у уæрæсейаг егъау компани ЛУКойл-ы сконды. Нефты ракуыст у тынг ахсджиаг индустрийы къабаз, уымæ гæсгæ сахары футболон командæ дæр «Нефтохимик (Нафтекс)» хуыины.

2007 азы 15 мартъийы Афинæты Уæрæсе, Грекъ æмæ Болгарийы хицæуæдтæ бадзырдтой Сау денджызы дæлдон нефтуадзæн аразыныл «Новороссийск-Бургас-Александруполис».

Бæстыхъæд ивын

Бургасы хорз бæстыхъæд у: фæлмæн зымæг æмæ тæвд сæрд. Бургасы бакæлæн ныййих кодта æрмæст 1928 азы.

Бæстыхъæды таблицæ
Январь Мартъи Май Июль Сентябрь Ноябрь Афæдз
Рæстæмбис максималон температурæ (°C) 5.9 17.8 25.3 30.2 26.4 11.6 19.2
Рæстæмбис минималон температурæ (°C) -2.1 3.3 10.0 20.8 19.4 8.2 9.8
Дæлдзырæттæ рæстæмбисæй (мм) 11 32 40 21 8 28 25.1
Уарыны бонты рæстæмбис нымæц 10 10 4 2 5 9 6
Ратæдзæн: World Weather Information Service

Æфсымæрон сахартæ ивын

 
Сыгъдæг дзуары сомихаг аргъуан Бургасы

Фиппаинæгтæ ивын

Æддаг æрмæг ивын