Быз (уырыс. Биз) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Уæлладжыргомы. Йæ цæрджытæн сæ фылдæр уыдысты Цъамадæй æрлидзæг æмæ сæхи хуыдтой Сидæмонтæй.[2]

Хъæу
Быз
42°54′48″ с. ш. 44°10′34″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 13[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363221
Быз (Уæрæсе)
Быз (Цæгат Ирыстон)

Бызы зæронд раны ном у Æддаг хъæу кæнæ Зæронд хъæу, ног раны ном та Æргъайтæ.[3]

Хъæумæ хæстæг ис Саубарæджы дзуар, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм лæгæты. Саубарæг у къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг.[4]

Бызы комкоммæ Æрыдоны доны рахиз былыл, рагон фæндаг кæуылты цыди, уым къæдзæхы рындзыл нырма лæууы Чъырамад.[2]

Мыггæгтæ ивын

Бызы цардысты Уырымтæ, Кæсæбитæ, Пагæтæ, Тотыккатæ, Гозымтæ, Фардзинтæ, Бутатæ, Дудиатæ.[5]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. 2,0 2,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
  3. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. 1975
  4. Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн: Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. — Дзæуджыхъæу: Урсдон, 1999.
  5. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 248 ф.