Антуа́н Годо́ (фр. Antoine Godeau; райгуырдис 1605 азы 24 сентябры, Дрёйы — амардис 1672 азы 21 апрелы, Вансы) уыдис францаг поэт æмæ дины кусæг, уыдис Францаг академийы фыццаг уæнгтæй иу.

Антуан Годо
фр. Antoine Godeau
Райгуырды датæ 1605-æм азы 24 сентябры(1605-09-24)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1672-æм азы 21 апрелы(1672-04-21)[1] (66 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз фыссæг, поэт, католикон сауджын, католический епископ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст æмæ сфæлдыстад ивын

Францаг æвзаджы дзырдуатыл куыстыты уæлдай Годо фыста галантон æмдзæвгæтæ. Конрары æмбал æмæ тугхæстæг уæвгæйæ, уый арæх-иу бауайаг уыд, популярон кæм уыдис, уыцы Рамбуйейы салонмæ. Уым ын радтой фæсном «Nain de Julie» (Юлияйы карлик). 1636-æм азы Ришельё йæ снысан кодта Грасы епископæй, æмæ уæдæй фæстæмæ мадригалты бæсты фыссын райдыдта псаломтæ.

Сфæлдыстады ахадындзинад ивын

Годо æгас ма уыдис, афтæ йæ ном уыдис хъуыстгонд, фæлæ францаг литературæйы манерджын салонон поэзийы культ куы фæцис, уæд йе сфæлдыстады популярондзинад бамынæг ис. Ныртæккæ йæ æмдзæвгæтæ цымыдисаг сты æрмæст литературæйы историктæн. Годо æмæ йе ’мсис æмбæлтты стилыл арæхстджынæй фæхудтис цыргъзонд Сент-Эвремон йæ уацмыс «Академистты комеди»-йы.

Уацмыстæ ивын

  • «Oeuvres poétiques» (1660–63),
  • «Paraphrase des épîtres canoniques» (1640),
  • «Discours sur les oeuvres de Malherbe» (1629)

æмæ æндæртæ.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.