Христо Данов (болг. Христо Груев Данов; райгуырдис 1828-æм азы 27 августы — амардис 1911-æм азы 11 декабры) уыдис болгайраг рухстауæг, ахуыргæнæг æмæ чиныгуадзæг. Уый нымад у болгайраг чиныгуагъды рацаразæгыл, хонынц ма йæ «болгайраг Гутенберг».

Христо Данов
Райгуырды датæ 1828-æм азы 27 августы(1828-08-27) кæнæ 1828[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1911-æм азы 11 декабры(1911-12-11) кæнæ 1911[1]
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз рауадзæг, ахуыргæнæг, фыссæг, мэр
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Болгари ссæрибары цауты (1878) архайгæйæ (суанг ма 1876-æм азы æртæ мæйы дæргъы бадтис ахæстоны), йæ фæд ныууагъта политикæйы дæр. Христо Данов политикæмæ бацыдис 1882-æм азы, уæд сси Скæсæн Румелийы регионы æмбырды депутат. 18971899 азты уыдис Пловдивы сахары сæргълæууæг (уымæн мызд нæ иста).

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Danov, Christo Gruev // Czech National Authority Database