Джиоты Кузьмайы фырт Мурат (райгуырдис 1955-æм азы 1 октябры Бузалайы хъæуы) у Хуссар Ирыстоны ахуыргонд, историон зонæдты кандидат, бирæ азты дæргъы куыста Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты. Ныртæккæ у Хуссар Ирыстоны æддаг бастдзинæдты министр.

Джиоты Мурат
Райгуырдис 1955-æм азы 1 октябры(1955-10-01) (68 азы)
Ахуырадон къæпхæн историон зонæдты кандидат[d] æмæ зонæдты кандидат[d]
Архайд дипломат[d]
Хорзæхтæ
орден «За заслуги» орден «Честь и слава» орден Почёта орден Дружбы
Орден Дружбы

Цардафыст ивын

Джиоты Мурат райгуырдис 1955-æм азы 1 октябры Дзауы районы Бузалайы хъæуы.

1977-æм азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон факультет. 1977—1981 ахуыр кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæйы. 1981-æм азы бахъæхъхъæдта кандидатон диссертаци.

Уый фæстæ 1989-æм азы онг Джиойы-фырт куыста Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты. Йæ зонадон интерестæ сты ирон адæмы истори æмæ культурæ, нарты кадджытæ.

19901993 уыд Хуссар Ирыстоны парламенты депутат, 1994-æм азæй куыста хицауады. 19992001 уыд æвзæрстыты комитеты сæрдар.

2002-æм азæй у æддаг бастдзинæдты министр.

Ис ын бинонтæ, у дыууæ фырты фыд.

Æддаг æрмæг ивын