Зæппадз (ноджы ма дзурынц дзæппаз) — мардæвæрæн дурамад агъуыст. Иу зæппадзы арæх ныгæдтой цалдæр адæймаджы иу мыггагæй.

Зæппадз Цъамады

Археологтæ зæппадзтæ классификаци кæнынц:

  • æвæрдмæ гæсгæ — æрдæгзæххыбын æмæ зæххыуæле;
  • уæлхæдзары арæзтмæ гæсгæ — пирамидалон-асинджын æмæ дыууæуырдыг (асинджын кæнæ лæгъз).

Уыдоны уæлдай ма фенæн ис æндæр хуызтæ.

Зæппæдзтимæ баст и бирæ таурæгътæ. Уыцы таурæгътæм гæсгæ, раджы заманы бæстыл рын куы схæцыдис, уæд-иу чи фæрынчын, уыдон сæхæдæг зæппадзмæ бацыдысты æмæ уым сæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кастысты.

Ирыстоны æппæты зындгондæр зæппæдзты æмбырд ис Дæргъæвсы.