Кавказаг хъæддаг гæды

Кавказаг хъæддаг гæды (лат. Felis silvestris caucasica) у хъæддаг гæдыйы дæлхуыз, цæры Кавказы хæхты æмæ Турчы.

Кавказаг хъæддаг гæды
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Æхсырæйхæсджытæ
Къорд: Хомхортæ
Бинонад: Гæдыхуызтæ
Мыггаг: Гæдытæ
Хуыз: Хъæддаг гæды
Дæлхуыз: Кавказаг хъæддаг гæды
Латинаг ном
Felis silvestris caucasica
Satunin, 1905
ITIS 726327

Цæрæнбынат ивын

Кавказаг хъæддаг гæдытæн сæ фылдæр хай цæры Кавказы 2500—3000 метры бæрзæндыл[1]. Ис ыл фембæлæн Цæцæны, Дагъистаны, Адыгейы, Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары хъæдты, уымæй уæлдай ма Стъараполы æмæ Краснодары крайы, Турчы. Æрбынат кæнынц хъæды æдзæрæг бынæтты (арæхдæр фæтæнсыфджын хъæдты) æмæ кæнынц иунæгон царды уаг. Сæ цардæн иуыл хорз биотоптæ сты æнæвналд фæтæнсыфджын хъæдтæ, фæлæ ма хъæддаг гæдыйыл ис фембæлæн Краснодары крайы хихджын хъæдты дæр æмæ йæ цуры цы районтæ ис, уым.

Сæ глобалон цæрæнбынаты ареал у æнæхъæн Кавказ æмæ Чысыл Ази. Фембæлæн сын кæм ис, уыцы рæстæгон кæнæ иудадзыгон бынæтты иумæйаг фæзуат у 1360 гектармæ ’ввахс. Уыцы бынæтты æрдз у алыгъуызон: къæдзхъæд, тæрсы къохтæ, соцъидæттæ, дурджын рæгътæ. Краснодары крайы æмæ Хъырымы районы хъæддаг гæдытæ сты уыцы гæдыты мыггаджы популяцийы иуыл фылдæр хай. Уæлдай бирæ дзы ис фæсхæхты.

Арæхдæр хæрынц мыстыхуыз æхсынджыты, стæм хатт — чысыл мæргъты. Сæ бындурон хæрд сын куынæ фаг кæна, уæд лæбурынц ноджы стырдæр сырдтæм — сындзыуасджытæм, тæрхъустæм æмæ ма уымæй уæлдай æвзонг сæфтæнгджытæм дæр. Хаттæй хатт æрбынат кæнынц гоймæгты цæрæнбынæты цур, сæ бон у мæ цуан кæной хæдзарон мæргътыл[2].

Гæдытæ ’взæр нæ ленк кæнынц, фæлæ ’нæ хъæугæдзинадæй донмæ нæ бауæудзысты.

Чысыл афыст ивын

Кавказаг дæлуынд у иуыл стыртæй иу. Карджын нæлтæн сæ уæз вæййы 6-11 кг, мадæлтæн рæуæгдæр – 4-10 кг. Буары д– 4-10 дæргъ 63-75 см, у фидар, уæнгджы. Сæ тыхджын дзæмбытæ сты даргъ ныхтимæ, уыдоны руаджы æнцонтæй стыбры бæлæстæм.

Йæ дымæг у стыр æмæ ставд, цыма йæ кæрон лыг у. Нæл гæдыйы дымæг хæцццæ кæны 60% онг йæ буары иумæйаг дæргъæй. Йæ сæр у фæтæн, æмдымбыл, хъустæ биноныг, растæй лæууынц. Цæстытæ сты стыр, æнгасджын æмæ тынг лæмбынæг. Сæ хуыз фылдæр хæттыты бур-оливæхуыз. Йæ ахуырст арæхдæр у фæныкхуыз, кæддæрты охрахуыз. Йæ ныхы æмæ рæгъы дæргъыл зыны сау таг. Йæ фæхстæ гæнæн ис æмæ уой трахуыз тæгтимæ, урсдæр гуыбыныл вæййынц гыццыл тархуыз тæпппытæ. Йæ пух дымæг йын аивдæр кæныц 3-йæ 8-ы онг цæгы. Зымæгон периоды йæ хъуын свæййы бæзжындæр, пухдæр æмæ ноджы даргъдæр.

Хъæддаг гæдытæ сты тынг хорз цуанонтæ æмæ æгъатыр тугдзыхтæ, вæййынц хин æмæ хъусдарæг. Уыцы миниуджыты руаджы цæрынц æрдзы дæр.

 

Хæлцад æмæ цардыуаг ивын

Кавказаг хъæддаг гæды кæны æхгæд æмæ хицæнгонд цард, йæхи хуызæттимæ ’мбæлы æрмæст къайкæнынады рæстæджы. Хъæддаг гæдытæ сты территориалон сырдтæ. Иу гæдыйæн хъæуы территори 2-3 км² бæрц, кæцы уый хъахъхъæны æмæ банысан кæны. Миграци сын вæййы адæймаджы бавнæлды тыххæй кæнæ та хæлцад куы нæ уал фаг кæны.

Хæххон фæтæнсыфджын хъæдты ацы гæдытæ цуаны кæнынц гæккуыртыл, æхсынджытыл, чысыл мæргътыл æмæ стæм хатт бабырсынц ондатратæм, нутриятæм æмæ æвзонг сæфтæгджынтæм дæр. Уымæй уæлдай ма сæ рационы ис кæцыдæр кæрдæджытæ, кæсаг, сасчытæ æмæ ногмард хæдмæл.

Хъæддаг гæдыйы активондзинад арæхдæр вæййы изæрыгон, фæлæ сæрды йæ бон у æмæ бонæй дæр цæуа цуаны.

Æрдз ын балæвар кодта йæ фæныкхуыз-морæ ахорæн, кæйы иу кæны хауд сыфтæр æмæ бæлæсты хуызимæ. Уый руаджы-иу свæййы бынтон æнæзынгæ. Хъæддаг кавказаг гæды хорз хизы бæлæстæм æмæ дзæбæх ленк кæны, фæлæ донмæ хизы æрмæст бахъуыды рæстæджы.

Нымæц æмæ хъахъхъæнынад ивын

Зоологты бæрæггæнæнтæм гæсгæ гæдыты максималон бæрц 1000 га (10 км²) территорийыл у 200-300 экземпляры, йе ’мбисы бæрц та у бирæ къаддæр — 10-20 гæдыйы. Кавказаг хъæддаг гæды хаст у Уæрæсейы сырх чиныгмæ куыд хуыз йæ нымæц чысыл кæмæн у æмæ кæцыйыл фембæлæн ис арæнджын территорийыл (стæмдзинады 3 категори). Хъæддаг гæдыты хъахъхъæнынц Кавказы цалдæр æрдзæвæрæны, сæрмагондæй Тебердайы æрдзæвæрæны æмæ Сочийы национ парчы.

Хъæддаг гæдыты хуыз къаддæр кæны фыццагдæр уый тыххæй, æмæ къаддæр кæнынц сæ цæрæн бынæтты æрдзон биотиптæ, фæтæнсыфджын кавказаг хъæдтæ кæй калынц, уый аххосæй.

Дыккаг ахсджиаг фактор та уый мидæг ис, æмæ сæ бон у хæдзарон гæдытимæ тæрæн кæнын, уыдонимæ сын бирæ иумæйаг миниуджытæ ис. Уый аххосæй сæ хуызы генетикон сыгъдæгдзинад фесæфы[2]. Кавказаг гæдытæ бацахстой Краснодары крайы экосистемæтæ. Кавказы æмæ ’ндæр районты сæ популяци чысыл у фæлæ иугæндзон.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Мир Животных. Дикая (европейская, лесная) кошка.
  2. 2,0 2,1 Кавказская Лесная Кошка (Felis Silvestris). Датæ: 2010-æм азы 9 ноябры.