Миндиашвили, Серго Виссарионы фырт

Миндиашвили Серго Виссарионы (Бесойы) фырт (райгуырдис 1940 азы, Сарабучъы, амардис 2011-æм азы 19 сентябры Цхинвалы) у ирон æмæ гуырдзиаг поэт.

Серго Виссарионы фырт Миндиашвили
Райгуырды датæ 1940-æм азы 2 июлы(1940-07-02)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2011-æм азы 21 сентябры(2011-09-21) (71 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг
Уацмысты æвзаг ирон

Серго райгуырдис Цхинвалы районы Сарабучъы хъæуы. 1958 азы каст фæци Уанаты астæуккаг скъола, 1963 азы та — Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Уый фæстæ ахуыр кодта афицерты скъолайы, советон æфсæдтæн ГДР-йы цы къорд уыд, уым. Куыста Хуссар Ирыстоны радиойы, Знауыры районы газеты, СЦКП-йы обкомы культурæйы хайады хистæр методистæй, чиныгуадзæн «Ирыстон»-ы редакторæй.

Фыссын райдыдта 1960-æм азы. Сергойы æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Ныхас хуримæ» рацыдис 1966 азы Цхинвалы. Уый фæстæ ма рауагъта къорд поэтикон чиныджы. Йæ уацмысты æппæты æххæстдæр æмбырдгонд хуыйны «Ныфсы дзæнгæрæг» (Цхинвал, 1990).